Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Софониа 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 О ӕдзӕсгом адӕм! Тыхстызмӕлд кӕнут,

2 цалынмӕ, Дунедарӕг цы снысан кодта, уый нӕма сӕххӕст, бонтӕ, дымгӕ зыгуым куыд ныффӕйлауы, афтӕ нӕ атахтысты, цалынмӕ уӕ Дунедарӕг Йӕ масты пиллон артӕй нӕ басыгъта ӕмӕ уӕ Йӕ азар нӕ баййӕфта, уӕдмӕ.

3 Зӕххыл сӕрныллӕгӕй чи цӕры ӕмӕ Йын Йе ’гъдӕуттӕ чи ӕххӕст кӕны — агурут Дунедарӕджы! Рӕстдзинад уарзгӕйӕ цӕрут, сӕрныллӕг ут ӕмӕ, чи зоны, Дунедарӕджы азары бон фыдбылызӕй хызт уаиккат.

4 Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн, Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй, быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.

5 Додой уӕ къона, фурды был цӕрджытӕ, критӕгтӕ! О Ханаан, филистимӕгты зӕхх! Дунедарӕг дын рахаста тӕрхон: «Фесафдзынӕн дӕ, иунӕг цӕрӕг дыл нал баззайдзӕн!

6 Денджызбыл бӕстӕ фыййӕутты фосдон, лыстӕг фосы хизӕнуат фестдзӕн,

7 Иудӕйы фӕстагӕттӕй ма чи аирвӕза, уыдоны хай бауыдзӕн; сӕ фос хиздзысты уым, Ашкелоны хӕдзӕрттӕ сын фосдарӕн уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕркӕсдзӕн, уацарӕй сӕ суӕгъд кӕндзӕн».

8 Ӕз федтон: моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Мӕ адӕмӕй хъазыдысты, сӕхи сыл худӕгӕй хастой ӕмӕ сын сӕ зӕхмӕ ӕртхъирӕн кодтой.

9 Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.

10 Ахӕм ӕфхӕрд баййафдзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы адӕмӕй хынджылӕг кӕй кодтой ӕмӕ сӕм ӕнӕввӕрсонӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй.

11 Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.

12 Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!

13 Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.

14 Фосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ дзы ривӕд кӕндзысты. Сӕ хӕдзӕртты кӕлддзӕгты уыг ӕмӕ сидахъхъ ӕрцӕрдзысты, рудзгуытӕй сӕ цъӕлхъӕр хъуысдзӕни; хъайвантыл халӕттӕ баддзысты, тарвӕзты нывӕфтыд азгъӕлдзӕни.

15 Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan