Софониа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман. Дунедарӕджы Тӕрхоны бон ӕрӕввахс 2 Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн ӕппӕт дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, — 3 адӕм ӕмӕ фосы мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн, уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты ныццӕгъддзынӕн, ӕнӕхуыцӕутты афӕлдахдзынӕн зӕххыл, адӕймагӕн зӕххыл йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн. 4 Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕм дӕр Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, Баалӕй сӕм цыдӕриддӕр баззад, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн, суанг йӕ дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ йӕ сауджынты нӕмттӕ дӕр: 5 уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны, 6 стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны. 7 Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты. 8 Дунедарӕджы нывондхӕссӕн бон куы ралӕууа, уӕд Ӕз уӕздӕтты ӕмӕ паддзахы фыртты, стӕй, ӕцӕгӕлӕтты дарӕс кӕуылдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр бафхӕрдзынӕн. 9 Уыцы бон муртаттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ къӕсӕрыл андзӕвын дӕр чи нӕ уӕнды ӕмӕ йӕ сӕрты чи гӕпп кӕны, Дунедарӕджы хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи байдзаг кодта, уыдон иууылдӕр бавзардзысты Мӕ азар. 10 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур. 11 Кӕут, Махтешы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ уӕйгӕнджытӕ иууылдӕр бындзагъд фӕуыдзысты! 12 Уыцы бон Ӕз Йерусалимыл цырагъимӕ ӕрзилдзынӕн ӕмӕ бафхӕрдзынӕн, йе ’нхъизӕныл цы сӕн ныббадти, уыйау цы адӕмтӕ бандзыг сты, уыдоны, сӕ мидзӕрдӕйы афтӕ чи зӕгъы: «Дунедарӕг нын хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ракӕндзӕн». 13 Сӕ исбон хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, сӕ хӕдзӕрттӕ заууатмӕ ӕрцӕудзысты. Сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ нӕ цӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзысты. 14 Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты! 15 Уый уыдзӕни карз тӕрхоны, удхар ӕмӕ хъизӕмары, гӕныстон ӕмӕ сӕфты, саудалынг ӕмӕ тары, асӕст ӕмӕ тымыгъы бон. 16 Уыцы бон сыкъауадындзтӕ ныууасдзысты, тохмӕсидӕг хъӕртӕ райхъуысдзысты бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ ӕмӕ бӕрзонд фидӕртты ныхмӕ. 17 Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты. 18 Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia