Руфы чиныг 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстБоаз ракуырдта Руфы 1 Боаз сахары кулдуары цурмӕ рацыд ӕмӕ уым сбадти. Кӕй кой кодта, уыцы ӕрвад иуафон йӕ рӕзты фӕцӕйцыд. Боаз ӕм сдзырдта: «Раздӕх ӕмӕ сбад мӕ фарсмӕ». Уый ӕрбаздӕхт ӕмӕ ӕрбадт. 2 Боаз сахары хистӕртӕй дӕс лӕгмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ам ӕрбадут». Уыдон ӕрбадтысты. 3 Уӕд Боаз йӕ хӕстӕгӕн загъта: «Моавы бӕстӕй чи ӕрбаздӕхт, уыцы Наоми не ’рвад Елимелехы зӕххы хай уӕй кӕны. 4 Хабар дӕуӕн зӕгъинагыл банымадтон: балхӕн ӕй — ам чи бады, уыдон ӕмӕ дын мӕ адӕмы хистӕртӕ ӕвдисӕн уыдзысты. Кӕд дӕхимӕ ӕрвады хӕс исыс, уӕд ӕй балхӕн. Кӕд разы нӕ дӕ, уӕд мын ӕй зӕгъ, ӕмӕ йӕ зонон; уымӕн ӕмӕ йӕ иннӕты разӕй дӕуӕн ӕмбӕлы балхӕнын, дӕ фӕстӕ та — мӕнӕн». Уый йын дзуапп радта: «Ӕз ӕй балхӕндзынӕн». 5 Боаз дарддӕр дзырдта: «Наомийӕ зӕхх куы балхӕнай, уӕд моаваг Руф дӕр дӕуӕн кургӕ у, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, афтӕ». 6 Уӕд ын йӕ хӕстӕг дзуапп радта: «Ӕрвады хӕс мӕхимӕ райсын нӕу мӕ бон — уӕд мӕхи мулк хӕлӕттаг фӕуыдзӕн. Ды райс уыцы хӕс дӕхимӕ, мӕнӕн мӕ бон нӕу». 7 Ӕрвады хӕс исыны, науӕд исты ивыны рӕстӕг Израилы кӕддӕр уыди ахӕм ӕгъдау: иу адӕймаг-иу хъуамӕ йӕ дзабыр раластаид ӕмӕ йӕ иннӕмӕ раттаид. Уый Израилмӕ нымад уыди фидыды ӕвдисӕйнагыл. 8 Ӕмӕ Боазӕн йе ’рвад загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй балхӕн». Уыйадыл раласта йӕ дзабыр ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдта. 9 Боаз хистӕртӕн ӕмӕ, уым чи уыди, уыцы ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ныр сымах ӕвдисӕнтӕ стут, Елимелехы мулк ӕнӕхъӕнӕй, стӕй Килеон ӕмӕ Махлоны исбон ӕнӕхъӕнӕй Наомийӕ кӕй балхӕдтон, уымӕн. 10 Ноджы ма курын Махлоны усы, моаваг Руфы, дӕр, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, йӕ ном та йе ’рвадӕлты ӕмӕ сахары цӕрджыты ’хсӕн куыннӕ фесӕфа, афтӕ; абон мын сымах ӕвдисӕнтӕ фӕут». 11 Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы! 12 Дунедарӕг дын ацы ӕрыгон сылгоймагӕй цы байзӕддаг ратдзӕн, уымӕй дӕ хӕдзар, Тамар Иудӕйӕн кӕй ныййардта, уыцы Парецы хӕдзары хуызӕн суӕд». 13 Боаз ракуырдта Руфы. Ӕмуат ӕрцыдысты, ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй Руф банхъӕлцау, лӕппу йын райгуырди. 14 Ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Наомийӕн дзырдтой: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕгайтма дӕ ӕнӕ бындарӕй нӕ ныууагъта! Йӕ ном скадджын уӕд Израилы! 15 Зӕрдӕрухсы хос дын уыдзӕн, дӕ зӕронды бонты та ӕнӕ дарӕгӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта — авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр чи у!» 16 Наоми сабийы йӕ хъӕбысмӕ райста ӕмӕ йӕ хъомыл кодта. 17 Сыхы сылгоймӕгтӕ йыл ном сӕвӕрдтой — Овед. Уыдон дзырдтой: «Наомийӕн лӕппу райгуырди». Овед у Йессейы, Давиды фыды, фыд. Паддзах Давиды фыдӕлтӕ 18 Мӕнӕ уын Парецы хӕдзарвӕндаг: Парецӕй райгуырд Есром; 19 Есромӕй райгуырд Рам; Рамӕй райгуырд Аминадав; 20 Аминадавӕй райгуырди Нахшон; Нахшонӕй райгуырди Салмон; 21 Салмонӕй райгуырди Боаз; Боазӕй райгуырд Овед; 22 Оведӕй райгуырд Йессей; Йессейӕ райгуырди Давид. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia