Руфы чиныг 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРуф ӕмӕ Боаз мусы 1 Иуахӕмы Наоми загъта Руфӕн: «Дӕ амонд куыд ссарай, афтӕ дын къонайы мӕт куы бакӕнин, уый мӕ зӕрды ис, мӕ хъӕбул. 2 Уӕртӕ кӕй ӕххуырстытимӕ куыстай, нӕ уыцы хӕстӕг Боаз ахсӕв мусы хъӕбӕрхор дымгӕмӕ дары. 3 Дӕхи цынай, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй дӕхимӕ базил, дӕ дзӕбӕхдӕр фӕлыст скӕн ӕмӕ мусмӕ фӕцу. Ӕрмӕст, цалынмӕ бахӕра ӕмӕ бануаза Боаз, уӕдмӕ йӕм дӕхи ма равдис. 4 Кӕм хуысдзӕни, уыцы бынат базон; бацу, дӕлфӕдты ’рдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕц ӕмӕ уым ӕрхуысс. Йӕхӕдӕг дын зӕгъдзӕни, цы гӕнгӕ у, уый». 5 Руф ын дзуапп радта: «Цыдӕриддӕр мын загътай, уый бакӕндзынӕн». 6 Мусмӕ фӕцыд ӕмӕ йын йе ’фсин куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта. 7 Боаз бахордта ӕмӕ бануӕзта, йӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг ӕмӕ кӕрийы цур бахуыссыди. Руф ӕнӕ уынӕрӕй бацыд, йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕцыд ӕмӕ ӕрхуыссыди. 8 Ӕмбисӕхсӕвтыл фестъӕлфыди Боаз, рабадти, кӕсы — ӕмӕ йӕ дӕлфӕдтӕм сылгоймаг хуыссы. 9 Бафарста йӕ: «Кӕцы дӕ уый?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Руф дӕн ӕз, дӕ цагъар; дӕ дӕлбазыр мӕ бакӕн — хӕстӕг нын куы ӕййафыс». 10 Боаз загъта: «Дунедарӕджы арфӕ дыл сӕмбӕлӕд, мӕ къона! Амӕй размӕ фаг иузӕрдион уыдтӕ, ныр та ноджы иузӕрдиондӕр разындтӕ: хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр — ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ агурыныл не схӕцыдтӕ. 11 Уӕдӕ афтӕ, мӕ къона: тӕрсгӕ ма кӕн, цыдӕриддӕр загътай, уыдӕттӕ дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ хӕрзӕгъдау сылгоймаг кӕй дӕ, уый нӕ сахар иууылдӕр зонынц. 12 Хӕстӕджытӕ кӕй стӕм, уый раст у, фӕлӕ дын мӕнӕй хӕстӕгдӕр ӕрвад дӕр ис. 13 Ныр уал бахсӕвиуат кӕн. Йӕ хӕс куыд у, афтӕ дӕ йе ’вджид бакӕныныл кӕд сразы уа уыцы къабаз райсом, уӕд хорз; кӕд ӕй нӕ бафӕнда, уӕд та дӕ, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕхи ӕвджид бакӕндзынӕн! Амӕй ӕрбабонмӕ уал хуысс». 14 Боазы дӕлфӕдтӕм фӕхуыссыди бонивайӕнтӕм Руф ӕмӕ, адӕймаджы цӕсгом базонӕн нӕма уыд, афтӕ сӕударӕй сыстад, уымӕн ӕмӕ Боаз ахъуыды кодта: «Ацы сылгоймаг мусмӕ ӕрбацыд, уый мачи базонӕд». 15 Стӕй йын ноджыдӕр загъта: «Рафтау-ма дӕ уӕлгуыр ӕмӕ йӕ ӕрбадар». Руф ӕм ӕй бадардта, ӕмӕ дзы Боаз ӕхсӕз мӕрты хъӕбӕрхор сӕвгӕдта, сӕккой йын ӕй кодта, йӕхӕдӕг сахармӕ ацыд. 16 Руф сӕхимӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй йе ’фсин бафарста: «Цы бадӕ, мӕ къона?» Боаз ын цы бакодта, уыдӕттӕ йын Руф иууылдӕр радзырдта. 17 Ноджы ма загъта: «Мӕнӕ мын хъӕбӕрхоры ӕхсӕз мӕрты радта, де ’фсинмӕ афтидармӕй ма ацу, зӕгъгӕ». 18 Наоми загъта: «Хъуыддаг йӕхи бар ауадз; цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ банхъӕлмӕ кӕс, мӕ къона. Уыцы лӕг хъуыддаг тӕккӕ абон ӕнӕ алыггӕнгӕ нӕ фӕуыдзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia