Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Израилӕн

1 Чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕцӕгдзинад дзурын, нӕ сайын; ӕвдисӕн та мын у, Сыгъдӕг Уды дӕлбар чи ис, мӕ уыцы ӕфсарм.

2 Мӕ хъыг уӕззау у, мӕ зӕрдӕ йӕ риссынӕй не ’нцайы.

3 Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.

4 Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.

5 Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.

6 Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.

7 Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт йе ’цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл».

8 Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрдӕй чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл.

9 Мӕнӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд: «Ӕрцӕудзынӕн нысангонд рӕстӕджы, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».

10 Зӕгъӕм ма ноджыдӕр: Ревеккӕйӕн иу афон райгуырди дыууӕ лӕппуйы — нӕ фыдӕл Исаакӕй.

11 Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,

12 уый адӕймаджы хъуыддӕгтӕй нӕ, фӕлӕ Йӕхи фӕндонӕй аразгӕ кӕй у: «Хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».

13 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Йаковы бауарзтон, Исав та Мын ӕнӕуынон сси».

14 Уый цӕуыл дзурӕг у? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы!

15 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн загъта: «Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн. Кӕмӕн Мӕ фӕнды батӕригъӕд кӕнын, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».

16 Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразгӕ у, адӕймаджы куыд фӕнды ӕмӕ хи хъаруйӕ цы кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕхдӕттӕг Хуыцауӕй.

17 Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл».

18 Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх ӕмӕ схивӕнд кӕны, кӕй Йӕ бафӕнды, уыдоны.


Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Йӕ азар

19 Исчи мӕ, чи зоны, бафӕрса: «Уӕдӕ ма нӕ цӕмӕй зылын кӕны? Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?»

20 Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»

21 Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар нӕ цӕуы, ӕви, цӕмӕй иу ӕлыгӕй иу мигӕнӕн кадджын хъуыддагӕн скӕна, иннӕ та — иударонӕн?

22 Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.

23 Быхста, Йӕ хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын кодтаид ӕмӕ кад райсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдонӕн, цӕмӕй сын Йе стыр кад равдиса.

24 Уыцы адӕм мах стӕм — ӕрхуыдта нӕ канд иудейӕгтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕгтӕй дӕр,

25 пехуымпар Осиайы чиныджы Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕ адӕм чи нӕ уыди, уыдоны схондзынӕн Мӕ адӕм ӕмӕ, кӕй нӕ уарзтон, уый схондзынӕн Мӕ уарзон».

26 «Ӕмӕ сын афтӕ загъд кӕм уыд: „Сымах Мӕ адӕм не стут“, уым сын дзурдзысты: „Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ“».

27 Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн.

28 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ тӕрхон зӕххыл рахӕсдзӕни тагъд ӕмӕ цӕхгӕрӕй».

29 Исайа ма ноджыдӕр афтӕ загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ байзӕддӕгтӕй цасдӕры куынӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид».


Ӕнӕуырнӕг Израил

30 Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Хуыцауы цӕсты раст уӕвынмӕ нӕ тырныдтой муртаттӕгтӕ, фӕлӕ сраст сты — сӕ уырнындзинады фӕрцы.

31 Израил та тырныдта, цӕмӕй Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы цӕсты сраст уа, фӕлӕ йӕ къухы нӕ бафтыд.

32 Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтыл. Израилы адӕм фӕкалдысты, фӕкӕлӕн цы дурыл ис, ууыл,

33 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan