Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй

1 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.

2 Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.

3 Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,

4 цӕмӕй, Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды ӕмӕ мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ кӕсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды коммӕ кӕсгӕйӕ.

5 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та — Уды цы фӕнды, уымӕ.

6 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та — цард ӕмӕ фарн.

7 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.

8 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕн Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнын сӕ бон нӕу.

9 Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ — Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Чырыстийы Уд кӕмӕ нӕй, уый та Чырыстийы нӕу.

10 Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕйы ис, уӕд уын мон дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый фӕрцы, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтӕн лӕвӕрд у, уӕддӕр.

11 Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.

12 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй хӕс нӕ дарӕм, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ цӕрӕм.

13 Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ буары тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл тых кӕнат, уӕд цӕрдзыстут.

14 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты.

15 Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»

16 Хуыцауы Уд Йӕхӕдӕг нӕ монимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.

17 Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.


Фидӕны кад

18 Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы кадӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ.

19 Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау Йӕ хъӕбулты кӕд раргом кӕндзӕнис, уымӕ.

20 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бацайдагъ ис ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд: ныфс Ӕй уыди,

21 Йе сфӕлдыст дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ Хуыцауы хъӕбулты сӕрибар ӕмӕ кад кӕй райсдзӕн, уымӕй.

22 Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау.

23 Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.

24 Мах уыцы зӕрдӕдарӕнимӕ фервӕзтыстӕм. Зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, уый цӕстӕй куы уынӕм, уӕд уый зӕрдӕдарӕн нал у. Адӕймаг цы уына, ууыл ма йӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара?

25 Фӕлӕ цы нӕма федтам, ууыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕразонӕй.

26 Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй.

27 Нӕ зӕрдӕйы ӕмбӕхст хъуыдытӕ дӕр ӕргом Кӕмӕн сты, Уый та зоны Уды фӕндон дӕр, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕджыты тыххӕй куры, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ.

28 Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.

29 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг.

30 Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдонмӕ фӕсидти, сраст кодта, кӕмӕ фӕсидти, уыдоны ӕмӕ, кӕй сраст кодта, уыдоны схайджын кодта Йӕ кадӕй.


Хуыцауы уарзт

31 Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?

32 Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ не ’ппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?

33 Чи фӕзылын кӕндзӕн Хуыцауы ӕвзӕрстыты? Хуыцау сӕ раст кӕны.

34 Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.

35 Чырыстийы уарзтӕй мах ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн? Хъыг ӕви зынтӕ, ӕфхӕрд ӕви стонг, мӕгуырдзинад, тас ӕви кард?

36 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм ӕрвылбон мӕлӕт ӕртхъирӕн кӕны; нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».

37 Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ.

38 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр ӕндӕр тыхтӕ, нӕдӕр абон, нӕдӕр фидӕн,

39 нӕдӕр уӕлӕрвтӕ, нӕдӕр дӕлзӕхх, — сфӕлдыст дунейы ахӕмӕй ницы разындзӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау махӕн цы уарзт равдыста, уымӕй нӕ ӕнӕхай фӕкӕнын чи бафӕраза!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan