Ромӕгтӕм 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАдӕймаг суӕгъд ис Ӕгъдауӕй 1 Ӕфсымӕртӕ, — Ӕгъдау чи зоны, уыдонмӕ дзурын, — Ӕгъдауы бар адӕймагыл ӕрмӕст йӕ удӕгасӕй кӕй цӕуы, уый нӕ зонут, ӕви? 2 Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаджы йӕ удӕгас мойыл ӕгъдау бӕтты. Йӕ мой куы амӕла, уӕд та ссӕрибар вӕййы, йӕ мойыл ӕй чи бӕтты, ӕгъдауы уыцы домӕнтӕй. 3 Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у ӕмӕ, ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу. 4 Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн. 5 Удӕгасӕй мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды уацары уыдыстӕм ӕмӕ, Ӕгъдау цы чъизи монцтӕ цырен кодта, уыдон хӕлбурцъ кодтой нӕ буары ӕмӕ куыстой мӕлӕтӕн. 6 Ныр та, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кӕддӕрау, Ӕгъдауы фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ног хуызы, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй, лӕггад кӕнӕм. Ӕгъдау ӕмӕ тӕригъӕд 7 Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый. 8 Фӕлӕ тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фадат фӕци, ӕмӕ мӕм райгуырын кодта алы мондӕгтӕ. Тӕригъӕд та ӕнӕ Ӕгъдауӕй мард у. 9 Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис, 10 ӕз та амардтӕн: царддӕттӕг цы фӕдзӕхст хъуамӕ уыдаид, уый мын ӕрхаста мӕлӕт. 11 Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн фӕзынди фадат фӕдзӕхстӕй спайда кӕнынӕн ӕмӕ мӕ амарынӕн. 12 Фӕлӕ Ӕгъдау йӕхӕдӕг Хуыцауӕй цӕуы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр домы, уый сыгъдӕг, раст ӕмӕ хорз у. 13 Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе ’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый. 14 Мах зонӕм, Ӕгъдау Удӕй кӕй цӕуы, уый. Ӕз та буардзыд адӕймаг дӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар. 15 Цы ми кӕнын, уый мӕхӕдӕг дӕр не ’мбарын. Цы мӕ фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мын ӕнӕуынон цы у, уый та кӕнын. 16 Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд, бӕлвырд, разы дӕн: Ӕгъдау хорз у. 17 Фӕлӕ, ӕцӕгдзинадӕй, уый ӕз нӕ, фӕлӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый архайы. 18 Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы. 19 Ӕмӕ мӕ кӕд фӕнды, уӕддӕр хорздзинад нӕ кӕнын, кӕд мӕ нӕ фӕнды, уӕддӕр аразын фыддзинад. 20 Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд ӕй ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ йӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый кӕны. 21 Уӕдӕ мӕхицӕн ахӕм ӕгъдау раргом кодтон: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мын фыддзинад рауайы. 22 Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы ӕгъдауыл, 23 фӕлӕ мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ, ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг. 24 Цы мӕгуыр у адӕймаг! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды аххосӕй мӕлӕты фос цы буар у, уымӕй? 25 Бузныг Хуыцауӕн — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы мӕ фервӕзын кодта! Уӕдӕ ӕз уыцы иу адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ зондӕй кусын Хуыцауы ӕгъдауӕн, мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй та — тӕригъӕды ӕгъдауӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia