Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тӕригъӕдӕн амардыстӕм, Чырыстиимӕ цӕрӕм

1 Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы!

2 Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?

3 Ӕви ныл Йесо Чырыстиимӕ баиуы охыл куы саргъуыдӕуыд, уӕд Йемӕ кӕй амардыстӕм, уый нӕ зонут?

4 Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй, Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.

5 Ӕмӕ, Чырысти куыд амарди, кӕд мах дӕр афтӕ амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй баиу стӕм Йемӕ, уӕд мӕрдтӕй дӕр, Уый куыд райгас ис, афтӕ райгас уыдзыстӕм ӕмӕ баиу уыдзыстӕм Йемӕ.

6 Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.

7 Уымӕн ӕмӕ, чи амарди, уый ссӕрибар ис тӕригъӕдӕй.

8 Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл.

9 Мах зонӕм, мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Чырысти кӕй нал амӕлдзӕн, уый: мӕлӕты бон Ыл нал цӕуы.

10 Уымӕн ӕмӕ, куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ — мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн.

11 Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.

12 Уӕдӕ уӕ мӕлӕтон буарӕн тӕригъӕд ма уӕд паддзах, цӕмӕй чъизи монцты коммӕ ма кӕсат.

13 Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.

14 Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.


Тӕригъӕдӕй сӕрибар

15 Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы!

16 Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн куы уат цагъартӕ, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауы коммӕ куы кӕсат, уӕд та уын ӕнӕ сраст уӕвгӕ нӕй.

17 Кӕддӕр сымах тӕригъӕды цагъартӕ уыдыстут, фӕлӕ, Хуыцауӕй бузныг, ныр уӕ зӕрдӕ радтат, цы ахуырад уын лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн.

18 Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ.

19 Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.

20 Уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут, уӕд сымахыл рӕстады бар нӕ цыд.

21 Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.

22 Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.

23 Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan