Ромӕгтӕм 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцауимӕ фидыд 1 Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ. 2 Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон. 3 Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон, 4 фӕразонӕй свӕййӕм фӕлтӕрдджын, фӕлтӕрддзинадӕй та ӕвзӕры ныфс. 5 Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй. 6 Лӕмӕгъ ма куы уыдыстӕм, уӕд нысангонд ӕмгъуыдыл Чырысти амард тӕригъӕдджынты сӕраппонд. 7 Рӕстгӕнӕджы тыххӕй исчи йӕ цард ратдзӕн, уый дызӕрдыггаг у. Чи зоны, искӕмӕ разына йӕ хӕрзгӕнӕджы сӕраппонд амӕлыны ӕхсар. 8 Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый Хуыцау равдыста, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд Чырысти мах сӕраппонд кӕй амард, уымӕй. 9 Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы азарӕй дӕр кӕй фервӕздзыстӕм! 10 Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы! 11 Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕппӕлӕм — Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ. Адам ӕмӕ Чырысти 12 Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ — мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ бар цӕуын райдыдта ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕригъӕды бацыдысты. 13 Тӕригъӕд Ӕгъдауы размӕ дӕр дунейы уыди, фӕлӕ тӕригъӕд, Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы. 14 Фӕлӕ мӕлӕт Адамы заманӕй Моисейы заманмӕ дӕр ӕлдариуӕг кодта, Адам кӕй ракодта, уыцы тӕригъӕды чи нӕ бафтыд, уыдоныл дӕр. Адам та у, фидӕны Чи хъуамӕ ӕрцыдаид, Уымӕн Йӕ развӕлгонц. 15 Фӕлӕ Адамы фыдракӕнд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх иу не сты. Кӕд ӕмӕ иу адӕймаджы фыдракӕнд бирӕты бабын кодта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та Хуыцауы хорзӕх аххӕссыди уымӕй ноджы бирӕ фылдӕр адӕмыл. 16 Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕдӕн абарӕн нӕй: иунӕг фыдракӕнд — ӕмӕ карз тӕрхон, бирӕ фыдракӕндтӕ — ӕмӕ бынтондӕр сраст уӕвыны хорзӕх. 17 Кӕд иу адӕймаджы иу фыдракӕнды тыххӕй мӕлӕт паддзахиуӕг кӕнын райдыдта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та цӕрдзысты ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты, Хуыцау йӕ хорзӕх рӕдауӕй кӕмӕн дӕтты ӕмӕ лӕвар кӕй раст кӕны, уыдон. 18 Ӕцӕгӕйдӕр, иу адӕймаджы фыдракӕнд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг дӕр раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын лӕвар кӕны цард. 19 Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕс бирӕтӕй тӕригъӕдджын куыд скодта, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсдзинад бирӕты скӕндзӕни рӕстгӕнджытӕ. 20 Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси, 21 цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia