Ромӕгтӕм 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАвраам йӕ уырнындзинады фӕрцы сраст ис 1 Уӕдӕ цы зӕгъӕм нӕ фыдӕл Авраамы тыххӕй? Цы йын бантыст? 2 Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст ис, уӕд сӕ йӕ бон уыди сӕрыстыр уӕвын, фӕлӕ Хуыцауы раз — нӕ. 3 Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ Хуыцау уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл». 4 Кусӕгӕн мызд лӕвары охыл нӕ, фӕлӕ йын, кӕй ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ фидынц. 5 Фӕлӕ адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ йӕ уырнындзинадыл йӕ зӕрдӕ куы дара ӕмӕ, тӕригъӕдджыны Чи раст кӕны, Уыцы Хуыцауыл куы ӕууӕнда, уӕд ӕй Хуыцау рӕстгӕнӕгыл банымайдзӕн. 6 Уымӕн хоны Давид тӕхудиаг, йӕ хъуыддӕгтӕ йын нӕ нымайгӕйӕ, Хуыцау рӕстгӕнӕгыл кӕй банымайы, уыцы адӕймаджы: 7 «Тӕхудиаг сты, сӕ фыдракӕндтӕ барст кӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ Хуыцау кӕй тӕригъӕдтӕ нал ӕрымысдзӕн, уыдон. 8 Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ азым тӕригъӕдыл кӕмӕн нӕ банымайа, уыцы адӕймаг». 9 Тӕхудиаг кӕй хоны: сунӕтгонды ӕви ӕнӕсунӕтгонды? Мах дзурӕм: «Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл». 10 Кӕд ӕй банымадта? Сунӕты фӕстӕ ӕви сунӕты размӕ? Сунӕты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ сунӕты размӕ. 11 Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл. 12 Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, йӕ фӕдыл чи цыди ӕмӕ, нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ куыд ӕууӕндыди Хуыцауыл, афтӕ Йыл чи ӕууӕндыди, ӕрмӕст уыдонӕн. Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд 13 Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй. 14 Дуне кӕд Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты хай бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд дӕр ницы у. 15 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕркӕны Хуыцауы фыдӕхмӕ; Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд та йӕ халгӕ дӕр ничи кӕны. 16 Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл, 17 Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз. 18 Кӕд ныфс ӕвӕрӕн ницӕмӕй уыди, уӕддӕр Авраам йӕ зӕрдӕ дардта ӕмӕ баууӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сси уый бирӕ адӕмты фыдӕл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Дӕ байзӕддӕгтӕ афтӕ бирӕ уыдзысты». 19 Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. 20 Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо ис, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ скад кодта Хуыцауӕн, 21 уымӕн ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ зӕрдӕбавӕрд сӕххӕст кӕнын Йӕ бон кӕй у, ууыл. 22 Уымӕ гӕсгӕ «Хуыцау уый банымадта рӕстгӕнӕгыл». 23 Ӕниу, канд Авраамы тыххӕй нӕу фыст, Хуыцау ӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл, зӕгъгӕ, 24 фӕлӕ мах тыххӕй дӕр. Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн мах дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндӕм нӕ Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕгыл. 25 Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia