Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕдӕ иудейӕгтӕн сӕ уавӕр истӕмӕй хуыздӕр у, сунӕт исты пайда дӕтты?

2 Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.

3 Фӕлӕ кӕд ӕмӕ иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн?

4 Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ».

5 Кӕд нӕ зылындзинад ноджы ирддӕр ӕвдисы Хуыцауы рӕстдзинад, уӕд та? Уӕд, мыййаг, Хуыцау кӕд раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар ныл куы ныккала, уӕд? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Науӕд Хуыцау дунейӕн куыд тӕрхон кӕнид?

7 Кӕд ӕмӕ, ӕз иузӕрдион кӕй нӕ дӕн, уый Хуыцауы иузӕрдиондзинад тынгдӕр ӕргом кӕны ӕмӕ Хуыцауы кадыл ӕфтауы, уӕд ма мын тӕригъӕдджынау тӕрхон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

8 Уӕд та, — чидӕртӕ мыл куыд мысынц, цыма уӕ ӕз ууыл ахуыр кӕнын, уыйау, — ӕвзӕрдзинад кӕнын райдайӕм, цӕмӕй хорздзинад расайа? Уыцы адӕймӕгты, цы тӕрхоны аккаг сты, уый баййафдзӕн.


Алы адӕймаг дӕр тӕригъӕдджын у

9 Уӕдӕ куыд? Мах иннӕтӕй хуыздӕр уавӕры стӕм? Ӕппындӕр нӕ. Мах ныридӕгӕн равдыстам, иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты, уый.

10 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Нӕй рӕстгӕнӕг, иунӕг дӕр нӕй,

11 иу ӕмбаргӕ адӕймаг дӕр нӕй, ничи агуры Хуыцауы.

12 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, иу дӕр дзы нӕ бӕззы; хорздзинад ничиуал кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.

13 Сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард, сӕ былтыл — калмы марг.

14 Сӕ былалгъыл — ӕрмӕстдӕр ӕлгъыст ӕмӕ маст ныхас.

15 Туг ныккалынмӕ цӕттӕ сты.

16 Кӕм цӕуынц, уым бӕллӕх ӕмӕ фыдбылыз тауынц,

17 фидыды фӕндаг нӕ зонынц.

18 Хуыцауы тас сӕм нӕй».

19 Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.

20 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Ӕгъдауы руаджы, тӕригъӕд цы у, ӕрмӕст уый базонӕм.


Уырнындзинад раст кӕны тӕригъӕдджыны

21 Фӕлӕ ма Ӕгъдауӕй уӕлдай ныр Хуыцау адӕмӕн раргом кодта, Ӕгъдау дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр ӕвдисӕн кӕмӕн сты, уыцы рӕстад.

22 Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.

23 Уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр бацыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы кадӕй ӕнӕхай фесты,

24 фӕлӕ Хуыцау, Йӕ хорзӕх сӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы — Чырысти сын ӕлхӕны сӕрибар.

25 Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,

26 цӕмӕй абон равдиса Йӕ рӕстдзинад: Йӕхӕдӕг раст у ӕмӕ раст кӕны Йесойыл ӕууӕндджыты.

27 Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы Ӕгъдау нын дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг Ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг Ӕгъдау.

28 Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ — уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы.

29 Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейӕгты Хуыцау у, муртаттӕгты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртаттӕгты Хуыцау дӕр у.

30 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты — сунӕтгӕндты дӕр, стӕй, сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр.

31 Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan