Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон

1 Уӕдӕ, чидӕриддӕр ма у, искӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дын уый ныххатыр кӕнӕн нӕй. Искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, ды дӕхицӕн дӕр тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ, цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.

2 Мах та зонӕм, афтӕ чи кӕны, уыдонӕн Хуыцау стӕрхон кӕндзӕн ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.

3 Ау, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, дӕхӕдӕг цы митӕ кӕныс, ахӕм миты тыххӕй искӕмӕн тӕрхонгӕнӕг куы уай, уӕд Хуыцауы тӕрхонӕй фервӕздзынӕ?

4 Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?

5 Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.

6 Хуыцау уӕд алкӕмӕн дӕр саргъ кӕндзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ:

7 иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;

8 хиуарзон чи у, ӕцӕгады коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ тӕригъӕдмӕ ӕмхиц чи у, уыдоны та баййафдзӕни Йӕ азар.

9 Фыддзинад чи аразы, алы уыцы адӕймаджы бакӕндзӕн удхар ӕмӕ хъизӕмары хай: раздӕр иудейаджы, стӕй та — муртаттаджы.

10 Хорздзинад чи кӕны, уыдонӕй та алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кад, намыс ӕмӕ фарн: раздӕр — иудейагмӕ, стӕй та — муртаттагмӕ.

11 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны.

12 Иудейаг Ӕгъдау кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыди, уыдон амӕлдзысты, фӕлӕ сын Ӕгъдау тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзӕн. Ӕгъдау кӕмӕн уыди, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыд, уыдонӕн та тӕрхонгонд уыдзӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.

13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау сраст кӕндзӕн, Ӕгъдау хъусгӕ чи кӕны, уыдоны нӕ, фӕлӕ, Ӕгъдау ӕххӕст чи кӕны, уыдоны.

14 Муртаттӕгтӕн Ӕгъдау нӕй, фӕлӕ сӕ мидхъӕлӕсмӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы домӕнтӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн ӕгъдау сты, кӕд сын Ӕгъдау нӕй, уӕддӕр.

15 Ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, Ӕгъдауы домӕнтӕ сӕ зӕрдӕты фыст кӕй сты, уый. Афтӕ кӕй у, ууыл дзурӕг сты се ’фсарм ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ — куы сӕ азымджын фӕкӕнынц, куы — раст.

16 Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Дзуттӕгтӕ ӕмӕ Ӕгъдау

17 Ныр та дӕумӕ дзурын, йӕхи иудейаг чи хоны, уый. Ныфс дӕ ис Ӕгъдауӕй; дӕхицӕй ныббуц дӕ, цыма Хуыцау дӕумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы;

18 Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый зоныс; Ӕгъдау дӕ сахуыр кодта, хуыздӕр цы у, уый ӕмбарыныл;

19 фидарӕй ӕууӕндыс, куырмытӕн фӕндагамонӕг кӕй дӕ, талынджы цӕрджытӕн — рухс,

20 ӕнӕмбаргӕтӕн — зондамонӕг, ницызонджытӕн — ахуыргӕнӕг; ӕппӕт зонынад ӕмӕ ӕцӕгад дын Ӕгъдауы сты.

21 Уӕдӕ, искӕй ахуыр кӕнгӕйӕ, дӕхи цӕуылнӕ ахуыр кӕныс? Давыны ныхмӕ дзурыс, дӕхӕдӕг та давыс!

22 Зӕгъыс «ма хӕт» — ӕмӕ хӕтыс! Былысчъилтӕ кӕныс гуымирытыл — ӕмӕ кувӕндӕттӕ къахыс!

23 Ӕгъдауӕй ӕппӕлыс, фӕлӕ Ӕгъдау халыс ӕмӕ уымӕй ӕгад кӕныс Хуыцауы.

24 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сымах аххосӕй фауынц муртаттӕгтӕ Хуыцауы ном».

25 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд сунӕт пайда у. Фӕлӕ кӕд Ӕгъдауы сӕрты ахызтӕ, уӕд дӕ сунӕт ницыуал давы.

26 Сунӕтгонд чи нӕу, уый Ӕгъдауы домӕнтӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕнӕсунӕтӕй дӕр Хуыцауы цӕсты сунӕтгонд нӕ уыдзӕн, ӕви?

27 Уӕдӕ йӕ буарыл сунӕт кӕмӕн нӕй, афтӕмӕй Ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый рахӕсдзӕн тӕрхон дӕуӕн, Ӕгъдауы сӕрты ахизӕгӕн, кӕд дын фыст Ӕгъдау ис ӕмӕ сунӕтгонд дӕ, уӕддӕр.

28 Ӕддаг бакастӕй иудейаг чи у, ӕцӕг иудейаг уый нӕу, буарыл цы сунӕт ис, ӕцӕг сунӕт уый нӕу.

29 Ӕцӕг иудейаг, зӕрдӕйӕ иудейаг чи у, уый у; ӕцӕг сунӕт, Ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уый тыххӕй конд нӕу, фӕлӕ Удӕй аразгӕ зӕрдӕйы сунӕт у. Ахӕм адӕймагӕй адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау раппӕлы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan