Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Кӕронбӕттӕн саламтӕ

1 Базонгӕ ут нӕ хо Фивӕимӕ, Кенхрейы аргъуаны уазлӕггадгӕнӕгимӕ.

2 Сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йыл баузӕлут Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ, хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уымӕй йын баххуыс кӕнут. Йӕхӕдӕг бирӕтӕн баххуыс кодта, уыимӕ — мӕнӕн дӕр.

3 Саламтӕ — Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн — мемӕ Йесо Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕн.

4 Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.

5 Саламтӕ — мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл фыццаг чи баууӕндыд Азийы, уымӕн.

6 Саламтӕ — сымах тыххӕй уый бӕрц бафыдӕбонгӕнӕг Мариайӕн.

7 Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.

8 Саламтӕ — Амплиатӕн, Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы мӕ уарзон ӕфсымӕрӕн.

9 Саламтӕ — Урбанӕн, Чырыстиимӕ иудзинады не ’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.

10 Саламтӕ — Чырыстийыл йӕхи ӕнувыдӕй равдисӕг Апеллесӕн. Саламтӕ — Аристовулы хӕдзаронтӕн.

11 Саламтӕ — ме ’мбӕстаг Иродионӕн. Саламтӕ — Наркиссы чырыстон хӕдзаронтӕн.

12 Саламтӕ — Бардарӕджы ӕнӕзӕрдӕхудт кусджытӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Саламтӕ — Бардарӕгӕн дзӕвгар чи балӕггад кодта, нӕ уыцы уарзон хо Персидӕйӕн.

13 Саламтӕ — Бардарӕджы равзӕрст Руфӕн ӕмӕ, мӕнӕн дӕр мадау чи сси, йӕ уыцы мадӕн.

14 Саламтӕ — Асинкритӕн, Флегонтӕн, Гермесӕн, Патровӕн, Гермасӕн ӕмӕ, семӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕн.

15 Саламтӕ — Филолог ӕмӕ Юлиайӕн, Нерей ӕмӕ йӕ хойӕн, Олимпасӕн ӕмӕ, Хуыцауы адӕмӕй семӕ чи ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.

16 Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Саламтӕ айсут Чырыстийы ӕппӕт аргъуантӕй.

17 Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.

18 Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.

19 Фарны Уацыл ӕнувыд кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у, ӕмӕ ӕз дӕр цин кӕнын ууыл. Фӕнды мӕ, цӕмӕй сымах хорздзинад саразынмӕ уат зондджын, фыддзинадмӕ та уат ӕнӕхин.

20 Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын басӕтдзӕни сайтаны. Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Аммен.

21 Саламтӕ уын ӕрвитынц ме ’мкусӕг Тимофей, ме ’мбӕстӕгтӕ Лукий, Йасон ӕмӕ Сосипатр.

22 Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы уын зӕрдиаг саламтӕ ӕрвитын ӕз дӕр, Павелӕн йӕ ацы фыстӕг чи ныффыста, уыцы Тертий.

23 Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.

24 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕд уе ’ппӕты дӕр. Аммен.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan