Ромӕгтӕм 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАлчи уӕ йӕхи мӕт ма кӕнӕд, фӕлӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕ ӕлхӕнут 1 Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын. 2 Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй. 3 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр Йӕхи мӕт нӕ кодта. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдоны ӕлгъыстытӕ Мӕныл ӕрцыдысты». 4 Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар. 5 Фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар дӕттӕг Хуыцау уын раттӕд иумӕ ӕмзондӕй фӕцӕрыны хорзӕх, 6 цӕмӕй, Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмдзыхӕй стауат Хуыцауы, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыды. Фарны Уац — муртаттӕгтӕн 7 Чырысти сымахыл куыд ӕнувыд у, афтӕ ӕнувыд ут сымах дӕр кӕрӕдзиуыл Хуыцауы кадӕн. 8 Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау сын сӕ рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый 9 ӕмӕ муртаттӕгтӕ стауой Хуыцауы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Уый тыххӕй стаудзынӕн Дӕу муртаттӕгты ӕхсӕн, Дӕуыл уыдзысты мӕ зарджытӕ». 10 Ӕмӕ ма ноджы у загъд: «Цин кӕнут Хуыцауы адӕмимӕ, муртаттӕгтӕ». 11 Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт муртаттӕгтӕ, кад Ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ». 12 Исайа дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Йессейы Ӕвзар ӕмӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзӕн; адӕмтӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ». 13 Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр. Павел — муртаттӕгты апостол 14 Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ме ’фсымӕртӕ, алы хорз миниуӕг ӕмӕ зонынадӕй ӕххӕст кӕй стут ӕмӕ уӕ бон кӕй у кӕрӕдзийы ахуыр кӕнын. 15 Фӕлӕ уӕм уӕддӕр мӕ ныфс бахастон ныффыссын, цӕмӕй уӕ зӕрдыл лӕууой мӕ ныхӕстӕ. Ӕз уый бакодтон, Хуыцауӕй мын цы хорзӕх лӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ — 16 Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд. 17 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы номыл цы уазлӕггад кӕнын, уымӕй. 18 Цӕмӕй муртаттӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын райдайой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай мӕ ныфс ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын. Чырысти уыдӕттӕ сӕххӕст кодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй, 19 ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй, Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ. Афтӕмӕй Чырыстийы Фарны Уац ӕз айхъуысын кодтон Йерусалимӕй суанг Иллирикмӕ. 20 Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, Фарны Уац уым хъусын кӕныныл, цӕмӕй кӕйдӕр арӕзт бындурыл ма амайон, 21 фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый сӕххӕст кӕнон: «Кӕмӕн нӕ загъдӕуыд Уый тыххӕй, уыдон фендзысты, ӕмӕ, чи нӕ фехъуыста, уыдон базондзысты». Павелы фӕнд Роммӕ ацӕуыны тыххӕй 22 Гъе, уыдӕтты аххосӕй мын нӕ бантыст, кӕд бирӕ хӕттыты хъавыдтӕн, уӕддӕр нырмӕ сымахмӕ ӕрцӕуын. 23 Уыцы рӕтты ныр ӕз мӕ куыст ахицӕн кодтон ӕмӕ, бирӕ азты дӕргъы сымахмӕ цӕуынмӕ кӕй бӕллыдтӕн, 24 уымӕ гӕсгӕ, Испанимӕ цӕугӕйӕ, сымах фенынмӕ дӕр фездӕхдзынӕн ӕмӕ уӕм иу цасдӕр афӕстиат уыдзынӕн. Стӕй мын, дызӕрдыг нӕ кӕнын, сымах баххуыс кӕндзыстут мӕ фӕндагыл дарддӕр ацӕуынмӕ. 25 Ныр та цӕуын Йерусалиммӕ, сыгъдӕджытӕн уазлӕггад кӕнынмӕ. 26 Уымӕн ӕмӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Йерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын. 27 Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ, иугӕр муртаттӕгтӕ схайджын сты чырыстон иудейӕгты монон исбонӕй, уӕд сын хъуамӕ уыдон дӕр сӕ зӕххон хъуӕгтӕ баххӕст кӕнынмӕ феххуыс кӕной. 28 Ӕз уый куы саразон ӕмӕ, цы ӕрӕмбырд ис, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг сараздзынӕн сымах уылты. 29 Уый зонын, ӕмӕ уыл куы сӕмбӕлон, уӕд уын мемӕ кӕй ӕрхӕсдзынӕн Чырыстийы ӕнӕкӕрон зӕрдӕбын арфӕтӕ. 30 Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хатырӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты хатырӕй курын сымахӕй: зӕрдиагӕй мын кувут Хуыцаумӕ, 31 цӕмӕй мӕ Иудейы ӕнӕуырнджытӕй бахиза, Йерусалимы сыгъдӕджытӕ та мын ме ’ххуысыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлой. 32 Ӕмӕ уӕм, Хуыцауы фӕндӕй, уӕд зӕрдӕрухсӕй фӕзындзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрулӕфдзӕн уемӕ. 33 Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр. Аммен. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia