Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тыхджынтӕ ӕмӕ лӕмӕгътӕ

1 Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, ууыл уӕхи ма тигъ кӕнут, ӕмӕ уӕм иу хъуыды кӕй нӕй, уый тыххӕй йемӕ быцӕуыл ма ныллӕуут.

2 Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты алцы хӕрыны бар дӕр, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.

3 Чи хӕры, уый ӕнӕввӕрсон ма уӕд, чи нӕ хӕры, ууыл; чи нӕ хӕры, уый тӕрхонгӕнӕг ма уӕд, чи хӕры, уымӕн: Хуыцау дзы Йӕхицӕн хъӕбул загъта.

4 Ды чи дӕ, ӕмӕ искӕй цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд — уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у уый йӕ къахыл слӕууын кӕнын.

5 Чидӕр иу бон иннӕ бонӕй ахсджиагдӕрыл нымайы, иннӕмӕн та бонтӕ ӕмхуызон сты. Уадз ӕмӕ алчидӕр иузӕрдионӕй баззайӕд, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл.

6 Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нымайы. [Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нӕ нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нӕ нымайы.] Чи хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн хӕры, уымӕн ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн. Чи нӕ хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн нӕ хӕры, ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн.

7 Махӕй йӕхицӕн ничи цӕры ӕмӕ йӕхицӕн ничи мӕлы.

8 Кӕд цӕрӕм, уӕд Бардарӕгӕн цӕрӕм, кӕд мӕлӕм, уӕд Бардарӕгӕн мӕлӕм. Уӕдӕ цӕргӕ ӕви мӕлгӕ кӕнӕм — кӕддӕриддӕр Бардарӕджы стӕм.

9 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Бардарӕг уа.

10 Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де ’фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де ’фсымӕры? Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм.

11 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъдӕуы: «Ӕз цардӕгас дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг дӕр, ӕмӕ алы ӕвзаг дӕр стаудзӕни Хуыцауы».

12 Уӕдӕ махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй.


Уе ’фсымӕрты ма рӕдийын кӕнут

13 Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн тӕрхон мауал кӕнӕм. Уый нӕ, фӕлӕ архайут, цӕмӕй уе ’фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бацӕуа.

14 Бардарӕг Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, зӕххыл чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.

15 Фӕлӕ кӕд, де ’фсымӕрӕн, цыдӕр хойраг кӕй хӕрыс, уый хъыг у, уӕд, уарзондзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ дӕ хойрагӕй, Чырысти кӕй тыххӕй амард, уыцы ӕфсымӕры ма саф.

16 Архайут, цӕмӕй, сымах хорзыл цы нымайут, уый мачи бафауа.

17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.

18 Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.

19 Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.

20 Хойраджы тыххӕй Хуыцауы хъуыддаг ма хал. Алы хойраг дӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ хойраджы тыххӕй искӕй чи фӕкӕлын кӕны, уый ӕвзӕрдзинад аразы.

21 Фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ, де ’фсымӕр цӕуыл фӕкӕла, ахӕмӕй дӕр мацы кӕн.

22 Тӕхудиаг у, фидарӕй цӕуыл ӕууӕнды, уый чи кӕны, ахӕм адӕймаг.

23 Исты хӕры, фӕлӕ уыцы рӕстӕг, хӕрын ын ӕй фӕччы ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг чи кӕны, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕ уа, уый та нысан кӕны тӕригъӕды бацӕуын.

24 Кад Хуыцауӕн! Йӕ бон у сымахӕн хъару раттын; ууыл дзурӕг у, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыцы Фарны Уац. Уым ӕргом кӕны Хуыцауы сусӕг фӕнд — уый ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст уыди,

25 ныр та раргом ис. Мыггагмӕйы Хуыцауы фӕндонӕй уыцы сусӕгдзинад пехуымпарты фыстыты фӕрцы хъуыстгонд ӕрцыди ӕппӕт адӕмтӕн, цӕмӕй баууӕндой ӕмӕ кӕсын райдайой Хуыцауы коммӕ.

26 Иунӕг Ӕппӕтзонӕг Хуыцауӕн Йесо Чырыстийы фӕрцы кад уӕд ӕнустӕм. Аммен.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan