Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хицӕутты тыххӕй

1 Алы адӕймаг дӕр уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ хицаудзинад кӕддӕриддӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд у, ӕмӕ, цы хицауӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр Хуыцауы ӕвӕрд сты.

2 Уымӕ гӕсгӕ хицауадмӕ ныхмӕ лӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи тӕрхойнаг фӕкӕндзысты.

3 Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй хицауадӕй ма тӕрсай, уый? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ хицауад разы уыдзӕн.

4 Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.

5 Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ ӕфсӕрмӕй дӕр.

6 Сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, хицӕуттӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, сымах хъалон дӕр уымӕ гӕсгӕ фидут.

7 Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.


Ӕфсымӕрон уарзондзинад

8 Кӕрӕдзийы уарзынӕй дарддӕр макӕмӕй мацы хӕс дарут. Уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.

9 «Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»], «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл», — уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».

10 Уарзондзинад искӕй хъыджы нӕ цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ уарзын нысан кӕны Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.


Чырыстийы ӕрцӕуынмӕ бирӕ рӕстӕг нал ис

11 Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у.

12 Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.

13 Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтын ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутӕ ӕмӕ хӕлӕгыл.

14 Бардарӕг Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл ма цӕуат.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan