Ромӕгтӕм 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау нӕ ныууагъта Йӕ адӕмы 1 Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, Хуыцау ныууагъта Йӕ адӕмы? Ницы хуызы! Ӕз мӕхӕдӕг дӕр израилаг дӕн, Авраамы байзӕддаг, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. 2 Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Куы йӕ зонут Сыгъдӕг Фыстӕй, Илийа израилӕгтыл Хуыцаумӕ куыд бахъаст кодта, уый: 3 «Дунедарӕг, Дӕ пехуымпарты Дын амардтой, Дӕ нывондхӕссӕнтӕ Дын ныппырх кодтой; иунӕг ӕз ма баззадтӕн, ӕмӕ мӕн дӕр амарынмӕ хъавынц». 4 Цы дзуапп ын радта Хуыцау? «Ӕз Мӕхицӕн ныууагътон, Баалы раз сӕ зонгуытыл чи не ’рлӕууыд, уыцы авд мин адӕймаджы». 5 Афтӕ ныр дӕр — ис, Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй сӕвзӕрста, ахӕм адӕм. 6 Ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕд Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сӕвзӕрста, уӕд сӕ хъуыддӕгтӕ нымад не сты, науӕд хорзӕх нал уаид хорзӕх. 7 Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис? Израил цӕмӕ тырныдта, уый нӕ райста. Ӕвзӕрстытӕ йӕ райстой, иннӕтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, 8 Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ скодта ӕнӕмбаргӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр цӕстӕй нӕ уынынц ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц». 9 Давид та зӕгъы: «Сӕ минасы фынгтӕ сын фестӕнт ахсӕн хызтӕ ӕмӕ къӕппӕг, уадз ӕмӕ дзы бахауой ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуа. 10 Баталынг уӕд сӕ цӕстырухс, цӕмӕй ма уыной, сӕ фӕсонтӕ ныггуыбыр уӕнт мыггагмӕ». Ирвӕзындзинад муртаттӕгтӕн 11 Фӕрсын: ау, израилӕгтӕ афтӕ фӕкалдысты, ӕмӕ мауал сыстой? Ницы хуызы! Фӕлӕ сӕ фӕкалд ирвӕзындзинад ӕрхаста муртаттӕгтӕн, цӕмӕй сӕм израилӕгтӕ хӕлӕг кӕной. 12 Кӕд израилӕгтӕ, кӕй фӕкалдысты, уымӕй ӕрхастой хъӕздыгад дунейӕн, кӕд сӕ мӕгуырдзинад схъӕздыг кодта муртаттӕгты, уӕд, се ’ппӕт Хуыцаумӕ куы раздӕхой, уый фӕстӕ уагӕры цас ӕмӕ цас хорзӕх ӕрхӕсдзысты! 13 Сымахӕн, муртаттӕгтӕн, зӕгъын: куыд муртаттӕгты апостол, афтӕ ӕз буц дӕн, мӕ бӕрны цы куыст ис, уымӕй. 14 Уыцы куысты фӕрцы кӕд мӕ бон бауид, мӕ туг, ме стӕг чи у, уыдоны муртаттӕгтӕм хӕлӕгыл бафтауын ӕмӕ дзы уӕд та иуӕй-иуты фервӕзын кӕнын. 15 Кӕд, Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, уый фӕрцы ӕгас дуне Хуыцауимӕ бафидыдта, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе ’ргом куы раздаха, уӕд уый та цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй райгас нӕ уыдзӕн, ӕви? 16 Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты. 17 Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг оливӕ бӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой цъирыс бӕласы уидагӕй, 18 уӕд иннӕ къалиутӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕс. Кӕд сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсыс, уӕд та дӕ рох ма уӕд: уидагыл ды нӕ хӕцыс — уидаг хӕцы дӕуыл. 19 Ды зӕгъдзынӕ: «Къалиутӕ уымӕн асастысты, цӕмӕй мӕн сӕ бынаты бафтыдӕуа». 20 Афтӕ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй, ды та дӕ уырнындзинады фӕрцы фидар дӕ. Ӕмӕ сӕрыстыр ма у, фӕлӕ дӕм тас уӕд. 21 Хуыцау ӕрдзон къалиутыл кӕм нӕ бацауӕрста, уым дӕуыл бацауӕрддзӕн? 22 Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцау фӕлмӕн дӕр у ӕмӕ карз дӕр у. Чи Йӕ ныууагъта, уыдонӕн карз у, дӕуӕн та — фӕлмӕн, Йӕ хорзӕхыл Ын куы хӕцай, уӕд. Науӕд дӕу дӕр акъуырдзӕн. 23 Фӕлӕ уыдон дӕр хивӕнд куынӕ уой ӕмӕ куы баууӕндой, уӕд та сӕ бафтыдӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у бӕласыл сӕ ногӕй бафтауын. 24 Кӕд дӕу хъӕддаг оливӕ бӕласӕй акъуырдӕуыд ӕмӕ, ӕрдзы куыд нӕ вӕййы, афтӕ дӕ бафтыдӕуыд дыргъдоны оливӕ бӕласыл, уӕд йӕ ӕрдзон къалиутӕ та цас хуыздӕр бафтдзысты сӕхи оливӕ бӕласыл! Израил фӕстагмӕ фервӕздзӕн 25 Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. 26 Ӕмӕ уӕд ӕгас Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Йаковы байзӕддӕгты суӕгъд кӕндзӕн сӕ фыдракӕндтӕй. 27 Ӕмӕ афтӕмӕй Ӕз семӕ сфидар кӕндзынӕн Мӕ Фидыд, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ куы ссыгъдӕг кӕнон, уӕд». 28 Фарны Уацыл кӕй не ’ууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы знӕгтӕ сты, ӕмӕ уый уӕ пайдайӕн у. Фӕлӕ уыдон ӕвзӕрст адӕм сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уарзы сӕ рагфыдӕлты тыххӕй. 29 Хуыцауы лӕвӕрттӕ ӕмӕ сидт ӕнӕивгӕ сты. 30 Сымах, муртаттӕгтӕ, кӕддӕр Хуыцауы коммӕ нӕ кастыстут, фӕлӕ уын уыдоны ӕнӕбасӕттоны тыххӕй ныр уый барст ӕрцыд, 31 афтӕ уыдон дӕр: сымахӕн кӕй ныббарстӕуыд, уый тыххӕй сты абон ӕнӕсӕттон, цӕмӕй сӕхицӕн дӕр барст ӕрцӕуа. 32 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмы хивӕнддзинадӕн уацайрӕгтӕ скодта, цӕмӕй ныббара се ’ппӕтӕн дӕр. Кад Хуыцауӕн! 33 Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ! 34 «Дунедарӕджы зонд чи базыдта? Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг? 35 Кӕнӕ Хуыцауӕн чи цы радта, цӕмӕй йын ӕй Хуыцау фӕстӕмӕ бафида?» 36 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Аммен. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia