Ромӕгтӕм 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ. 2 Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны. 3 Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн. 4 Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа. Ӕппӕт адӕмы фервӕзыны мадзал 5 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Чи йӕ ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы». 6 Уырнындзинады фӕрцы та адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Уӕларвмӕ чи ссӕудзӕн?“» (ома Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ). 7 «Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?“» (ома Чырыстийы мӕрдтӕй растын кӕнынмӕ). 8 Сыгъдӕг Фыст мӕнӕ цы зӕгъы: «Хуыцауы Дзырд дӕм хӕстӕг у, дӕ дӕлӕвзаг ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы рӕбын ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас: 9 Йесо Бардарӕг кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ. 10 Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн. 11 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн». 12 Ам иудейаг ӕмӕ муртаттаг сӕ кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц — дыууӕтӕн дӕр иу Бардарӕг ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн. 13 Уымӕн ӕмӕ «Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн». 14 Фӕлӕ Кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, Уый ном куыд ссарой? Кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, Ууыл куыд баууӕндой? Куыд фехъусой, куы ничи сын хъусын кӕна, уӕд? 15 Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, куынӕ сӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, Фарны Уац чи хӕссы, уымӕн!» 16 Фӕлӕ се ’ппӕт Фарны Уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исайа зӕгъы: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?» 17 Уӕдӕ уырнындзинад у фехъусынӕй, хъусгӕ та хъуамӕ Хуыцауы ныхас фӕкӕнай. 18 Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл азӕлы сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ сӕ ныхас айхъуысти дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ». 19 Ноджы ма фӕрсын: Израил уый нӕ зыдта? Фыццаг ӕй Моисей куы зӕгъы: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ хӕлӕг кӕндзыстут, адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ; ӕнӕзонд адӕммӕ мӕстӕй судздзыстут». 20 Исайа та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой; Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ тырныдта, уыдонмӕ». 21 Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Алы бон дӕр, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia