Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ромӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павелӕй, Хуыцау кӕмӕ фӕсидти ӕмӕ Йӕ Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бахӕс кодта, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй.

2 Уыцы Фарны Уацӕй Хуыцау Йӕ пехуымпарты фӕрцы развӕлгъау зӕрдӕ ӕвӕрдта Сыгъдӕг Фысты.

3 Уый у Йӕ Фырты Фарны Уац. Йӕ равзӕрдмӕ гӕсгӕ Уый уыди Давиды байзӕддаг,

4 фӕлӕ, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый ӕвдыст ӕрцыди Йӕ тыхӕй, Сыгъдӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти.

5 Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл.

6 Сымах дӕр, Йесо Чырыстийы сиддонтӕ, уыцы адӕмӕй стут.

7 Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Павелы тырнындзинад Ромы аргъуан бабӕрӕг кӕнынмӕ

8 Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у.

9 Хуыцау мын ӕвдисӕн — Йӕ Фырты Фарны Уац Ын адӕммӕ фӕхӕссыныл архайын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, — мӕ куывдтыты уӕ ӕрымысын ӕдзухдӕр

10 ӕмӕ иудадзыг курын, кӕд Хуыцауӕн фӕндиаг уа, уӕд мын, ӕппынфӕстаг, куыд бантыса сымахмӕ фӕцӕуын.

11 Уӕ уындмӕ тынг бӕллын, цӕмӕй уын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй бахай кӕнон ӕмӕ сфидар уат.

12 Ома кӕрӕдзийы сфидар кӕнӕм нӕ иумӕйаг уырнындзинадӕй, ӕз — уӕ уырнындзинадӕй, сымах — мӕ уырнындзинадӕй.

13 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.

14 Ӕз хӕсджын дӕн бердзенӕгтӕй дӕр ӕмӕ гуымиры адӕмтӕй дӕр, ахуыргонд адӕмтӕй дӕр ӕмӕ ницыфенджытӕй дӕр.

15 Уымӕ гӕсгӕ, ромӕгтӕ, цӕттӕ дӕн сымахӕн дӕр Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ.


Фарны Уацы мидис цыбырӕй

16 Фарны Уацы тыххӕй ӕз къӕмдзӕстыг нӕ дӕн. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр уал иудейагӕн, уый фӕстӕ та муртаттагӕн, ирвӕзын ӕй чи кӕны, Хуыцауы уыцы тых у.

17 Фарны Уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».


Ӕппӕт адӕмы азым Хуыцауы раз

18 Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау митӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар.

19 Хуыцауы тыххӕй цы базонӕн ис, уый сын ӕргом у, уымӕн ӕмӕ сын ӕй Хуыцау раргом кодта.

20 Ӕмӕ сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, Хуыцауы уыцы мыггагмӕйы тых ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ бӕлвырд сты, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд.

21 Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.

22 Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,

23 ӕмӕ Ӕнӕмӕлгӕ Хуыцаумӕ кувыны бӕсты кувынц, адӕймагау мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, мӕргътӕ, цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ хилджыты уыцы фӕлгонцтӕм.

24 Уыдон сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, ӕмӕ сӕ уымӕн ныууагъта Хуыцау сӕ зӕрдӕты чъизи монцты ӕвджид.

25 Хуыцауы ӕцӕгад уыдон баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ лӕггад кӕнынц фӕлдисондӕн, ӕнусмӕ арфӕгонд Чи у, уыцы Сфӕлдисӕджы бӕсты. Аммен.

26 Уымӕн сӕ ныууагъта Хуыцау ӕлгъаг монцты ӕвджид. Сӕ сылгоймӕгтӕ лӕгимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау баивтой, ӕрдзон чи нӕу, ахӕм ӕгъдауӕй.

27 Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр, сылгоймагимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдауыл сӕ къух сисгӕйӕ, мондаг кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Нӕлгоймӕгтӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц нӕлгоймӕгтимӕ, сӕ хӕлды аккаг ӕфхӕрдмӕ тырнынц.

28 Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.

29 Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;

30 сты маргӕвзаг, Хуыцау сын ӕнӕуынон у, сты ӕдзӕсгом, схъӕл, хиппӕлой, фыдбылыз саразынмӕ дӕсны, ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц;

31 сты ӕнӕмбаргӕ, ӕнӕууӕнк, саузӕрдӕ, ӕгъатыр.

32 Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan