Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фӕндзӕм ӕфхӕрд: фосы емынӕ

1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.

2 Куынӕ сӕ ауадзай, куы та сӕ бауромай,

3 уӕд Дунедарӕг Йӕ къух сисдзӕни, быдырты дын цыдӕриддӕр фос ис, уымӕ — бӕхтӕм, хӕрджытӕм, теуатӕм, стуртӕм, сӕгътӕм ӕмӕ фыстӕм: карз емынӕ сыл сыстдзӕн!

4 Дунедарӕг бахиздзӕн израилӕгты фосы, мысырӕгты фосыл та нӕ бацауӕрддзӕн. Израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“».

5 Ацы ӕфхӕрдӕн Дунедарӕг ӕмгъуыд дӕр скодта: «Райсом Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн ӕппӕт бӕстӕйы!»

6 Дыккаг бон Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта: Мысыры фос иууылдӕр фӕцагъды сты, израилӕгты фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди.

7 Фараон арвыста бӕрӕг базонынмӕ, ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыд. Фӕлӕ та уӕддӕр фараон нӕ састи: нӕ уагъта израилӕгты.


Ӕхсӕзӕм ӕфхӕрд: хӕфдзаст хъӕдгӕмттӕ

8 Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: «Пецы хуылфӕй фӕйнӕ армыдзаджы фӕнык райсут, ӕмӕ йӕ Моисей, фараон ӕй куыд уына, афтӕмӕй арвмӕ фехсӕд,

9 ӕгас Мысыры сӕрты куыд ахӕлиу уа. Уӕд адӕмӕн дӕр ӕмӕ фосӕн дӕр сӕ буар хӕфдзӕстытӕ фестдзӕн».

10 Моисей ӕмӕ Аарон фӕйнӕ армыдзаджы фӕнык райстой пецӕй ӕмӕ фараоны раз ӕрлӕууыдысты. Моисей фӕнык арвмӕ фехста, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ фосӕн дӕр сӕ буар хӕфдзӕстытӕй нал зынди.

11 Кӕлӕнгӕнджыты бон нал уыд Моисеимӕ сӕ тых ӕвзарын: уыдоны буар дӕр, иннӕ мысырӕгтау, хӕфдзӕстытӕ фестад.

12 Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та уӕддӕр нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


Ӕвдӕм ӕфхӕрд: ихуард

13 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй райсом раджы фараонмӕ бацӕуа ӕмӕ йын зӕгъа: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.

14 Ацы хатт дӕ ноджы тынгдӕр бафхӕрдзынӕн — дӕхи дӕр, дӕ дӕлдӕрты дӕр ӕмӕ дӕ адӕмы дӕр, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, зӕххыл Мӕнӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый.

15 Мӕ къух дӕм куы систаин ӕмӕ дын дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр емынӕ куы сыстын кодтаин, уӕд зӕххы цъарыл дӕ кой дӕр нал уаид.

16 Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.

17 Ацы бон дӕр ма Мын ды Мӕ адӕмыл дӕ хъал калыс, дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй сӕ рауадзын.

18 Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.

19 Батӕр дӕ фос сӕрӕмбӕрзт бынӕттӕм, быгъдӕг арвы бын дын цыдӕриддӕр ис, уыдон аууоны бафснай. Уымӕн ӕмӕ дын цыдӕриддӕр быдыры баззайа — адӕмӕй, фосӕй — ихы амӕттаг бауыдзысты, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕздзӕн».

20 Фараоны дӕлдӕртӕй Дунедарӕджы ныхасӕй чи фӕтарст, уыдон агъуысты бааууон кодтой сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ фос.

21 Йӕ ныхас Ын чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ цагъарты дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр ныууагътой гом арвы бын.

22 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Арвмӕ сдар дӕ къухтӕ, ӕмӕ ӕгас Мысыры зӕххыл их ӕрцӕудзӕн. Их ныххойдзӕн адӕмы дӕр, фосы дӕр, зайӕгойты дӕр».

23 Моисей йӕ лӕдзӕг арвмӕ сарӕзта, ӕмӕ Дунедарӕг зӕххыл арвы нӕрын, ихуард ӕмӕ ӕрвдзӕхӕр рауагъта. Дунедарӕг их ӕрцӕуын кодта Мысыры ӕппӕт зӕххыл дӕр.

24 Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ.

25 Мысыры зӕххыл гом арвы бын цыдӕриддӕр баззад, — адӕймагӕй, фосӕй, зайӕгойӕ, — иууылдӕр сӕ их ныххоста. Суанг ма бӕлӕстӕ дӕр ныссаста.

26 Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.

27 Фараон фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕдджын дӕн ӕз. Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та зылынджын стӕм.

28 Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».

29 Моисей йын загъта: «Куыддӕр сахары ӕдде фӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардзынӕн, ӕмӕ налдӕр арвы нӕрд уыдзӕн, налдӕр — ихуард. Уый, цӕмӕй ды зонай, зӕххӕн йӕ хицау Дунедарӕг кӕй у.

30 Фӕлӕ, куыд уынын, афтӕмӕй ды дӕр ӕмӕ дӕ дӕлдӕртӕ дӕр Дунедарӕг Хуыцауӕй уӕддӕр нӕма тӕрсут».

31 (Гӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор ихдзагъд фесты, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор йӕ тӕккӕ ӕфсир ӕфтаугӕйӕ уыд, гӕн — дидинӕг калгӕйӕ.

32 Мӕнӕу ӕмӕ нӕлмӕнӕуӕн ницы уыд — уыдон фӕстӕдӕр байтауынц.)

33 Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд.

34 Фараон куы федта, къӕвда, арвы нӕрын ӕмӕ их банцадысты, уӕд та йӕ раздӕры митыл схӕцыд: йӕ дӕлдӕртимӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой.

35 Дунедарӕг Моисейӕн куыд дзырдта, афтӕ та йӕ хивӕнд зӕрдӕйы уаг равдыста фараон ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan