Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дыккаг ӕфхӕрд: галхӕфсытӕ

1 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.

2 Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн.

3 Нилы бӕз-бӕз кӕндзысты, донӕй рахиздзысты ӕмӕ дын дӕ галуанмӕ, дӕ уатмӕ бабырдзысты, дӕ сынтӕгмӕ дын схиздзысты. Дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хӕдзӕртты, уӕ пецтӕ ӕмӕ уӕ хыссӕйы арынгты байдзаг уыдзысты.

4 Галхӕфсытӕй акъахдзӕфгӕнӕн нал уыдзӕн дӕхицӕн дӕр, дӕ адӕмӕн дӕр, дӕ дӕлдӕртӕн дӕр“».

5 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Зӕгъ Ааронӕн, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй февзида цӕугӕдӕттӕм, Нилы къабӕзтӕм ӕмӕ цадтӕм ӕмӕ галхӕфсыты Мысыры зӕхмӕ рахизын кӕна».

6 Аарон Мысыры дӕттӕм февзыста, галхӕфсытӕ сурмӕ рабырыдысты ӕмӕ Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕрӕмбӕрзтой.

7 Уӕд Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы Мысыры зӕхх галхӕфсытӕй байдзаг кодтой.

8 Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».

9 Моисей дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз кувдзынӕн дӕу тыххӕй, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, фӕлӕ снысан кӕн, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзӕрттӕ дӕр цы рӕстӕгмӕ хъуамӕ ссыгъдӕг уой, уый. Галхӕфсытӕ ма баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Нилы».

10 «Райсоммӕ!» — загъта фараон. «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн, — дзуапп ын радта Моисей. — Цӕмӕй базонай, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый.

11 Галхӕфсытӕй ирвӕзт уыдзынӕ ды дӕр, дӕ галуан дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Уыдзысты ма ӕрмӕстдӕр Нилы».

12 Моисей ӕмӕ Аарон куы рацыдысты фараонӕй, уӕд Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоны цы галхӕфсыты ахӕсты фӕкодта, уыдоны фесафа.

13 Дунедарӕг Моисейы курдиат сӕххӕст кодта: галхӕфсытӕ ныххӕдмӕл сты хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты.

14 Хӕфсыты мӕрдтӕй кӕритӕ амадтой, ӕмӕ се смагӕй бӕстӕ байдзаг ис.

15 Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.


Ӕртыккаг ӕфхӕрд: сасчытӕ

16 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй зӕххы рыг ӕрцӕва, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг ис, уый саск феста».

17 Ӕмӕ афтӕ бакодтой: Аарон йӕ лӕдзӕгӕй февзыста, зӕххы рыг дзы ӕрцавта, ӕмӕ адӕм ӕмӕ фос сасчыты бынӕй нал зындысты. Сасчытӕ фестади, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг уыдис, уый.

18 Кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр бӕргӕ архайдтой сӕ кӕлӕнты руаджы дунейы рухсмӕ сасчытӕ рауадзын, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр сасчыты бын фесты.

19 Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.


Цыппӕрӕм ӕфхӕрд: дзынгатӕ

20 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райсом-иу раджы сыст. Фараон доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм баздӕх, Дунедарӕг, дам, зӕгъы: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.

21 Нӕ сӕ рауагътай, зӕгъгӕ, уӕд уӕм дзынгайы азар кӕсы — дӕхимӕ дӕр, дӕ дӕлдӕртӕм дӕр, дӕ адӕммӕ дӕр ӕмӕ дӕ галуанмӕ дӕр. Ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ суанг уӕ къӕхты бын зӕхх дӕр бӕз-бӕз кӕндзысты дзынгатӕй.

22 Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.

23 Мӕ адӕмы Ӕз бахиздзынӕн фыдбылызӕй, дӕ адӕмы та — нӕ. Ацы хабар ӕрцӕудзӕни райсом“».

24 Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта. Фараоны галуан, йӕ дӕлдӕрты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт зӕхх бӕз-бӕз кодтой дзынгатӕй. Сӕфтмӕ сӕ ӕрцыди бӕстӕ.

25 Уӕд фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн мах зӕххыл ӕрхӕссут нывӕндтӕ».

26 Моисей йын дзуапп радта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, цы нывонд ӕрхӕссинаг стӕм, уый мысырӕгтӕ банымайдзысты ӕлгъагыл. Уыдоны цӕстыты раз куы ӕрхӕссӕм нӕ нывонд, уӕд нӕ дурты бын фӕкӕндзысты.

27 Мах хъуамӕ ӕртӕ бонцауы бӕрц фӕцӕуӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ уыцы ран ӕрхӕссӕм нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, — Уый нын Йӕхӕдӕг куыд зӕгъа, афтӕ».

28 Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!»

29 Моисей йын дзуапп радта: «Дӕ разӕй куыддӕр рацӕуон, афтӕ скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ тӕккӕ райсом фервӕздзыстут дзынгатӕй — дӕхӕдӕг дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕст нӕ мауал асайӕд фараон, ауадзӕд нӕ Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».

30 Моисей рацыди фараонӕй ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта.

31 Дунедарӕг айста Моисейы куывд: фервӕзын кодта дзынгатӕй фараоны, йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ йӕ адӕмы. Иу дзынга дӕр нал баззади Мысыры.

32 Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр ныддур кодта йӕ зӕрдӕ — нӕ та ауагъта израилӕгты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan