Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды фараонӕн Хуыцау уыдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон та дӕ пехуымпар уыдзӕни.

2 Ды-иу Ааронӕн дзур, Ӕз дын цы фӕдзӕхсон, уый, Аарон та фараонӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй израилӕгты рауадза Мысырӕй.

3 Ӕз фараоны зӕрдӕ афтӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цасфӕнды диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ куы равдисон,

4 уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.

5 Израилӕгты куы ракӕнон ӕмӕ Мысырыл Мӕ къухы уӕз куы ӕруадзон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый».

6 Моисей ӕмӕ Аарон, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.

7 Фараонимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Моисейыл цыди цыппарыссӕдз азы, Аароныл та — ӕртӕ ӕмӕ цыппарыссӕдз.


Фараон ницӕмӕ дары Моисей ӕмӕ Аароны ныхӕстӕ

8 Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:

9 «Фараон уӕ, диссаг равдисут, зӕгъгӕ, куы дома, уӕд-иу Ааронӕн йӕ лӕдзӕг фараоны раз аппарын кӕн, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестдзӕн».

10 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты раз аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад.

11 Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:

12 алчи сӕ йӕ лӕдзӕг аппӕрста, ӕмӕ лӕдзджытӕ кӕлмытӕ фестадысты. Фӕлӕ Аароны лӕдзӕг иннӕ лӕдзджытӕ аныхъуырдта!

13 Уӕддӕр фараон нӕ басаст ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


Фыццаг ӕфхӕрд: Мысыры дӕттӕ туг фестынц

14 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Хивӕнд у фараон. Нӕ йӕ фӕнды Мӕ адӕмы рауадзын.

15 Райсом сӕумӕйӕ доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм бацу, йӕ разы Нилы былгӕрон ӕрлӕуу ӕмӕ, калм дын-иу цы лӕдзӕг фестад, уый дӕ къухы дар,

16 афтӕмӕй ӕмӕ фараонӕн зӕгъ, уымӕ дӕ кӕй рарвыста Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау, цӕмӕй йын Йӕ фӕндон зӕгъай: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой ӕдзӕрӕг быдыры. Нырмӕ ды коммӕ нӕ кастӕ,

17 ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕдӕ ныртӕккӕ базондзынӕ, Дунедарӕг Чи у, уый. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз мӕнӕ Нилы дон ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ туг фестдзӕни.

18 Нилы кӕсӕгтӕ ныммӕлдзысты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг уыдзӕн, ӕмӕ мысырӕгтӕн нуазынӕн нал бӕздзӕни“».

19 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Зӕгъ Ааронӕн, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй февзида Мысыры дӕттӕм — цӕугӕдӕттӕм, Нилы къабӕзтӕм, цадтӕм, донуӕттӕм, — ӕмӕ туг фестой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕуыдзӕн, туг уыдзӕни суанг хъӕдын ӕмӕ дурын мигӕнӕнты дӕр».

20 Моисей ӕмӕ Аарон, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой. Аарон систа йӕ лӕдзӕг ӕмӕ дзы фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты цӕстыты раз Нилы дон ӕрцавта. Дон туг фестади.

21 Нилы кӕсӕгтӕ ныххӕдмӕл сты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг ис, ӕмӕ дзы мысырӕгтӕ нуазын нал фӕрӕзтой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕци.

22 Фӕлӕ Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕн дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы сӕ бон афтӕ бакӕнын баци, ӕмӕ та уӕд фараон ныддур кодта йӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.

23 Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.

24 Мысырӕгтӕ цӕугӕдоны былгӕрӕтты цъайтӕ къахын байдыдтой, уымӕн ӕмӕ Нилы дон нуазынӕн нал бӕззыд.

25 Дунедарӕг Нилы дон туг куы фестын кодта, ууыл рацыд авд боны.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan