Рацыд 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй». Дунедарӕг фӕдзӕхсы Моисейӕн Йӕ адӕмы Мысырӕй ракӕнын 2 Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕг дӕн! 3 Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон. 4 Семӕ сарӕзтон фидыд ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдтон, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы Ханааны бӕстӕ сын кӕй ратдзынӕн. 5 Ныр Ӕз фехъуыстон, израилӕгтӕ Мысыры ӕфсондзы бын куыд дзыназынц, уый, ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд. 6 Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн. 7 Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый. 8 Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“» 9 Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй. 10 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 11 «Бацу фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ, ӕмӕ йын зӕгъ, израилӕгтӕн дӕ бӕстӕйӕ ацӕуыны бар ратт». 12 Моисей дзуапп радта Дунедарӕгӕн: «Израилӕгтӕ мӕм куы нӕ хъусынц, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн, дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд?» 13 Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн израилӕгтӕ ӕмӕ фараоны, Мысыры паддзахы тыххӕй, цӕмӕй израилӕгты Мысырӕй ракӕной. Моисей ӕмӕ Аароны хӕдзарвӕндаг 14 Мӕнӕ Израилы хистӕр хӕдзарвӕндӕгты фыдӕлтӕ. Израилы хистӕр зӕнӕг Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми. Адонӕй рацыдысты Рувимы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ. 15 Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — ханаанаг хӕрӕфырт. Адонӕй рацыдысты Симоны артӕй уӕрст мыггӕгтӕ. 16 Мӕнӕ Левийы фырттӕ куыд хистӕрӕй: Гершон, Кехат, Мерари. Левий фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы. 17 Гершоны фырттӕ: Ливни ӕмӕ Шими сӕ байзӕддӕгтимӕ. 18 Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. Кехат фӕцарди сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы. 19 Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ куыд хистӕрӕй. 20 Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы. 21 Ицхары фырттӕ: Корах, Нефег, Зихри. 22 Уззиелы фырттӕ: Мишаел, Елцафан, Ситри. 23 Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары. 24 Корахы фырттӕ: Ассир, Елкана, Авиасаф. Адонӕй рацыдысты Корахы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ. 25 Аароны фырт Елеазар ракуырдта Путиелы чызджытӕй иуы, ӕмӕ йын уый ныййардта Пинхасы. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгты хистӕртӕ. 26 Аарон ӕмӕ Моисей — уыдон та сты, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕн загъта: «Израилы адӕмы Мысыры зӕххӕй ракӕнут — ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕд». 27 Аарон ӕмӕ Моисей дзырдтой фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, израилӕгты Мысырӕй ракӕныны тыххӕй. Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Аароны фараонмӕ ӕрвиты 28 Дунедарӕг Моисеимӕ куы дзырдта Мысыры, уӕд ын загъта: 29 «Ӕз — Дунедарӕг! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уыдон рафӕзм фараонӕн, Мысыры паддзахӕн». 30 Моисей Йын дзуапп радта: «Дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд мӕм куыд байхъусдзӕни фараон?» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia