Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ

1 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».

2 Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».

3 Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн».

4 Фӕлӕ сын Мысыры паддзах загъта: «Уӕ Моисей ӕмӕ Аарон! Адӕмы кусын цӕуылнӕ уадзут? Цӕугӕут уӕхӕдӕг дӕр кусынмӕ!»

5 Ноджы ма сын загъта: «Уынут, куыд бирӕ сты? Ӕмӕ сымах утӕппӕт адӕмӕн сӕ куыстытӕ уадзын кӕнут?»


Дзуттӕгтӕн сӕ хъизӕмӕрттӕ фӕфылдӕр сты

6 Уыцы бон фараон бафӕдзӕхста цӕстдарджытӕ ӕмӕ бӕрнылӕгтӕн:

7 «Нырӕй фӕстӕмӕ ацы адӕмӕн хъӕмп мауал дӕттут самандуртӕн. Сӕхӕдӕг цӕуӕнт ӕмӕ йӕ амал кӕнӕнт.

8 Амайӕн дуртӕ та дарддӕр дӕр, ныронг цас кодтой, уый бӕрц кӕнӕнт. Ма сын фӕкъаддӕр кӕнут сӕ куыст. Науӕд сыл зивӕг бахӕцыд ӕмӕ хъӕр самадтой, цом ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ.

9 Сӕ куыст уӕззаудӕр куы уа, уӕд сӕ дзӕгъӕл дзӕнгӕдамӕ нал ӕвдӕлдзӕн!»

10 Цӕстдарджытӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ израилӕгтӕн загътой: «Фараон уын хъӕмп дӕттын нал уадзы.

11 Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг, кӕмдӕриддӕр уӕ фӕнды, уым амал кӕнут. Уыимӕ амайӕн дуртӕ та, ныронг цас арӕзтат, уый бӕрц аразут».

12 Адӕм Мысыры алы къуымты ныххӕлиу сты ӕмӕ хъӕмпы бӕсты кӕрддзых ӕмбырд кодтой.

13 Уыимӕ ма сӕ цӕстдарджытӕ дӕр ноджы тынгдӕр ӕрӕлхъывтой, домдтой, цӕмӕй самандуртӕ алы бон дӕр кӕной, ныронг цӕттӕ хъӕмпимӕ цас кодтой, уый бӕрц.

14 Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!»

15 Израилаг бӕрнылӕгтӕ фараонмӕ сӕ хъаст бахастой: «Дӕ цагъартӕ куы стӕм, уӕд нӕ афтӕ цӕмӕн ӕфхӕрыс?

16 Махӕн, дӕ цагъартӕн, хъӕмп нал дӕттынц, афтӕмӕй нӕ самандуртӕ агурынц. Нӕмынӕй нӕ ауӕрдынц дӕ цагъартыл. Стыр тӕригъӕд у уый дӕ адӕмӕн!»

17 Фӕлӕ сын уый афтӕ: «Зивӕг уыл бахӕцыд, зивӕг, ӕмӕ уымӕн дзурут, цом ӕмӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ.

18 Цӕугӕут кусынмӕ. Хъӕмп нал фендзыстут, самандуртӕ та кӕнут, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц».

19 Израилаг бӕрнылӕгтӕ куы фехъуыстой, самандуртӕ сӕ раздӕры бӕрц домынц, уый, уӕд базыдтой сӕ мӕгуыры бон.

20 Фараоны къӕсӕрӕй куы рахызтысты, уӕд баздӕхтысты Моисей ӕмӕ Ааронмӕ — уыдон сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕдде —

21 ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».

22 «О Бардарӕг! — сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ. — Ацы адӕмы удхарӕй цӕмӕн марыс? Ардӕм мӕ цӕмӕн рарвыстай?

23 Фараонмӕ Дӕ номӕй куы бацыдтӕн ӕмӕ йын Дӕ фӕндон куы загътон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы фыддӕр митӕ кӕны Дӕ адӕмӕн! Ды нӕ фервӕзын кодтай Дӕ адӕмы!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan