Рацыд 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фӕлӕ Моисей загъта: «Куынӕ мыл баууӕндой ӕмӕ мӕм куынӕ байхъусой, уӕд та? Зӕгъдзысты, Дунедарӕг дӕм нӕ раргом ис, зӕгъгӕ». 2 Дунедарӕг ӕй бафарста: «Уый та дӕ къухы цы ис?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг». 3 Дунедарӕг ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста. Лӕдзӕг калм фестадис, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци. 4 «Йӕ къӕдзилӕй йӕ ацахс», — загъта Дунедарӕг. Моисей калмы къӕдзилмӕ февнӕлдта, ӕмӕ калм йӕ къухы лӕдзӕг фестад. 5 Дунедарӕг загъта: «Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй сӕ бауырна: Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау — дӕумӕ ӕргом рацыд». 6 Дунедарӕг ма ноджы загъта: «Дӕ къух дӕ роны акӕн». Моисей йӕ къух йӕ роны акодта. Фӕстӕмӕ йӕ куы райста, уӕд къух хъотырӕй митау урс фестад. 7 «Ногӕй йӕ дӕ роны акӕн», — загъта та йын Дунедарӕг. Моисей ногӕй йӕ къух йӕ роны акодта. Куы йӕ райста, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хуыз райста. 8 Дунедарӕг загъта: «Фыццаг диссаг куы ницӕмӕ ӕрдарой ӕмӕ дыл куынӕ баууӕндой, уӕддӕр сӕ дыккаг диссаг баууӕндын кӕндзӕн. 9 Уыцы дыууӕ диссаджы фӕстӕ дӕр куынӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куынӕ байхъусой, уӕд та-иу Нилы донӕй сис, зӕххыл ӕй акал, ӕмӕ уыцы дон сур зӕххыл туг фестдзӕн». 10 Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «О Бардарӕг! Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Амӕй размӕ дӕр нӕ уыдтӕн ӕмӕ ныр дӕр, Ды мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, куы ныхас кӕныс, уӕд дӕр. Къӕзӕнӕг дӕн, ме ’взаг мӕ дзыхы дзӕбӕх нӕ тасы». 11 Дунедарӕг ын загъта: «Адӕймагӕн ӕвзаг чи радта? Гоби кӕнӕ йӕ къуырма чи скӕны? Чи йӕ кӕны куырм кӕнӕ цӕстджын? Ӕз, Дунедарӕг! 12 Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн». 13 «О Бардарӕг! — загъта Моисей. — Дӕ хорзӕхӕй, ӕндӕр искӕй арвит». 14 Дунедарӕг смӕсты ис Моисеймӕ ӕмӕ йын загъта: «Аарон-левит де ’фсымӕр нӕу? Йӕ дзыхарӕхст ын Ӕз хорз зонын! Ныридӕгӕн дӕ размӕ рацӕуы. Куы дӕ фена, уӕд ныццин кӕндзӕн, 15 ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цы дзурын хъӕуы, уый. Ӕз Мӕхӕдӕг уемӕ уыдзынӕн, куы дзурат, уӕд. Ӕз уын Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ уын у, уый. 16 Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ. 17 Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ». Моисей аздӕхти Мысырмӕ 18 Моисей хӕдзармӕ куы бафтыди, уӕд йӕ каис Ифройӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ Мысырмӕ аздӕхон, ме ’фсымӕртӕ ма ӕгас сты ӕви нӕ, уый бабӕрӕг кӕнон». Ифро йын загъта: «Цу фарнимӕ». 19 Моисей ма Мидианы уыд, афтӕмӕй йын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх Мысырмӕ. Марынмӕ дӕ чи хъавыд, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал у». 20 Моисей йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты хӕрӕгыл сӕвӕрдта, Хуыцауы лӕдзӕг йемӕ райста ӕмӕ араст ис Мысырмӕ. 21 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн. 22 Ӕмӕ-иу уӕд ды фараонӕн зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Израил Мӕ фырт у, Мӕ хистӕр зӕнӕг. 23 Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“». Моисейы фырт ӕрцыди сунӕтгонд 24 Фӕндагыл, ӕхсӕвиуат кӕм кодтой, уырдӕм Моисеймӕ фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыд. 25 Уӕд Циппора райста ӕхсон цыргъаг, йӕ лӕппуйӕн скодта сунӕт, сунӕты лыггагӕй байсӕрста Моисейы къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг». 26 Уӕд Дунедарӕг ныууагъта Моисейы. (Йӕ лӕппуйӕн сунӕт кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ загъта Циппора Моисейӕн, туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг, зӕгъгӕ.) Моисей ӕмӕ Аарон — израилӕгты разамонджытӕ 27 Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта. 28 Моисей Ааронӕн радзырдта, Дунедарӕг ӕй цы ныхӕстимӕ рарвыста, цы диссӕгтӕ бакӕнын ын бафӕдзӕхста, уый. 29 Ацыдысты Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой Израилы адӕмы хистӕрты. 30 Аарон сын рафӕзмыдта, Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ. Моисей сын диссӕгтӕ равдыста, 31 ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia