Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сауджынты дарӕстӕ

1 Ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скодтой Ааронӕн дарӕстӕ, Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

2 Сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй бауафтой ефод.

3 Уый тыххӕй сыгъзӕринӕй скодтой тӕнӕг уадздзӕгтӕ, уадздзӕгтӕй рауагътой ӕндӕхтӕ. Уыцы сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй бауафтой нывӕфтыд раздарӕн.

4 Ефоды дыууӕ кӕроныл бафидар кодтой уӕхскбостӕ.

5 Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр скодтой, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

6 Ӕрцамадтой оникс дуртӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ сыл скъахтой Израилы фыртты нӕмттӕ, бавӕрдтой сӕ сыгъзӕрин фӕлгӕтты

7 ӕмӕ сӕ бафидар кодтой ефоды уӕхскбостыл — Израилы фыртты мысынӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

8 Ефод цӕмӕй конд ӕрцыд, уымӕй скодтой риуылдарӕн дӕр — сыгъзӕрин ӕндахӕй, уыимӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй уафт хъуымацӕй, нывӕфтыдтимӕ.

9 Уый уыд цыппӕрдигъон, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр — уылынг, дыдагъ уӕфтӕгӕй конд.

10 Риуылдарӕныл бафидар кодтой зынаргъ дуртӕ — цыппар рӕнхъӕй. Фыццаг рӕнхъы уыдысты лал, топаз, изумруд;

11 дыккаджы — малахит, сапфир, алмаси;

12 ӕртыккаджы — гиацинт, агат, аметист;

13 цыппӕрӕмы — хризолит, оникс, яшмӕ. Ӕвӕрд ӕрцыдысты сыгъзӕрин фӕлгӕтты.

14 Зынаргъ дуртӕ нымадӕй уыдысты дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцыдысты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.

15 Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй баздыхтой зӕринбыд рӕхыстӕ, бӕндӕн куыд баздухынц, афтӕ.

16 Скодтой дыууӕ сыгъзӕрин фӕлгӕты ӕмӕ дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ дыууӕ цӕджы бафидар кодтой риуылдарӕны дыууӕ къуымы.

17 Дыууӕ зӕринбыд рӕхысбосы бафидар кодтой дыууӕ цӕгмӕ риуылдарӕны къуымты,

18 рӕхысбосты иннӕ кӕрӕттӕ — ефоды уӕхскбосты дыууӕ фӕлгӕтмӕ разӕрдыгӕй.

19 Ноджы ма скодтой дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕны бинаг дыууӕ къуымыл мидӕджырдыгӕй — риуылдарӕн ефодыл кӕм бадт, уым — бафидар кодтой.

20 Ноджы ма скодтой дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодтой ефоды раззаг хаймӕ, бынӕй, ефодӕн йӕ астӕубосы сӕрмӕ.

21 Риуылдарӕны бинаг цӕгтӕ ефоды цӕгтимӕ бабастой ӕрвхуыз синагӕй, астӕубосы сӕрмӕ риуылдарӕн ефодыл ӕнгом куыд бада. Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста Моисейӕн.

22 Ефоды бын дарынӕн бауафтой пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз тӕбынӕй.

23 Пӕлӕзы астӕуӕй скодтой къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттӕ йын фидар бахуыдтой, цӕмӕй ма скъуыйа.

24 Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скодтой гранат фӕткъуыйы хуызӕн тымбылӕгтӕ,

25 уыдоны ’хсӕнты та ӕрцауыгътой сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ.

26 Фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты — дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг, дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ ахӕм дарӕсы кӕнгӕ у уаз куыст.

27-29 Ноджы ма Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн гӕнӕй бауафтой хӕдӕттӕ, сарыхъ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ, здыхт гӕнӕй та — цыбыр хӕлӕфтӕ, уыимӕ ма Ааронӕн здыхт гӕнӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз, стӕй сӕнт сырх тӕбынӕй бауафтой нывӕфтыд рон. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн.

30 Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодтой уаз уадздзаг ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл ныффыстой: «Дунедарӕджы уаз хай».

31 Бакодтой йыл ӕрвхуыз синаг, сарыхъыл ӕй разӕрдыгӕй бабӕттыны тыххӕй. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн.


Фембӕлды Цатыр арӕзт фӕци

32 Ӕппынфӕстаг Фембӕлды Цатыр саразыны куыстытӕ иууылдӕр фесты. Израилӕгтӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый.

33 Моисеймӕ ӕрбахастой Цатыр — йӕ уӕфтӕгтӕ ӕд ӕппӕт дзауматӕ: къӕпсыртӕ, фӕлгӕттӕ, хъилтӕ, цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ;

34 царӕмбӕрзӕнтӕ: сырхахуырст фысдзӕрмттӕй конд царӕмбӕрзӕн ӕмӕ гогырӕ сӕракӕй конд мидӕмбӕрзӕн,

35 Фидыды Чырын, йӕ хӕссӕн хъилтӕ, йӕ сӕр,

36 фынг йе ’ппӕт дзауматӕ ӕмӕ, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдонимӕ,

37 сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн ӕд цырӕгътӕ, ӕппӕт дзауматӕ ӕмӕ сой,

38 сыгъзӕрин нывондхӕссӕн, сӕрдӕн сой, буд, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,

39 ӕрхуы нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ ӕрхуы хызӕг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ,

40 кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕд бынӕнцайӕнтӕ, стӕй кӕрты дуарӕмбӕрзӕн, бӕндӕнтӕ, михтӕ ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадӕн хъӕугӕ ӕппӕт мигӕнӕнтӕ,

41 Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн.

42 Израилӕгтӕ Цатыр саразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

43 Моисей федта, адӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй фесты, уый ӕмӕ сын раарфӕ кодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan