Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн

1 Бецалел акъацийӕ сарӕзта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн. Уыд раст цыппаркъуымон — фондз ӕлмӕрины дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины.

2 Йӕ цыппар тигъыл ын скодта фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уыдаиккой, афтӕ ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕрдта ӕрхуыйӕ.

3 Скодта нывондхӕссӕны ӕппӕт дзауматӕ: дурынтӕ, фыййӕгтӕ, кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скодта ӕрхуыйӕ.

4 Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ скодта хызӕг, бынӕй йыл ӕй бафидар кодта, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕумӕ куыд ӕххӕссыдаид, афтӕ.

5 Скодта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта ӕрхуы хызӕгӕн йӕ цыппар къуымыл — нывондхӕссӕны хъилтӕн.

6 Хъилтӕ скодта акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ,

7 батъыста сӕ нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс цӕгты, цӕмӕй йӕ хӕссӕн уа. Нывондхӕссӕн скодта фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уыдаид, афтӕ.


Ӕрхуы хихсӕн аг

8 Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.


Фембӕлды Цатыры кӕрт

9 Бецалел скодта кӕрт. Йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, хуссарӕрдыгӕй дӕргъмӕ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины,

10 ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд. Цӕджындзтӕн уыди ссӕдз ӕрхуы бынӕнцайӕны. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.

11 Ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн цӕгатӕрдыгӕй дӕр дӕргъмӕ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, алы цӕджындзӕн дӕр — ӕрхуы бынӕнцайӕн. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.

12 Ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, дӕс цӕджындзыл ауыгъд; цӕджындзтӕн — дӕс бынӕнцайӕны, цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.

13 Кӕрты скӕсӕнӕрдыгӕй фарсӕн йӕ дӕргъ уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины.

14-15 Кулдуары фӕйнӕфарс ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнты дӕргъ — фӕйнӕ фынддӕс ӕлмӕрины, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕртыгай цӕджындзтыл ауыгъд, алы цӕджындзӕн дӕр — бынӕнцайӕн.

16 Кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн иууылдӕр уыди здыхт гӕнӕй уафт,

17 йӕ цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ та — ӕрхуыйӕ конд. Цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ, цӕджындзты цъуппытӕ — ӕвзистӕй астӕрд, цӕджындзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр — ӕвзист тӕлытӕ.

18 Кулдуары дуарӕмбӕрзӕн уыд алыхуызон ӕндӕхтӕй уафт — здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, уыди ссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн. Йӕ бӕрзӕнд уыди фондз ӕлмӕрины, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны хуызӕн.

19 Кулдуарӕн уыди цыппар цӕджындзы, ӕрхуы бынӕнцайӕнтӕ сын. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ, сӕ цъуппытӕ уыдысты ӕвзистӕй астӕрд, кӕрӕдзимӕ та баст цыдысты ӕвзист уистӕй.

20 Уаз Цӕрӕны ӕмӕ кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны михтӕ иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.


Уаз Цӕрӕн саразыны хӕрдзтӕ

21 Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.

22 Цатыр саразыны ӕппӕт хъуыддӕгтӕ та кӕнгӕ бакодта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ Бецалел, Хуры фырт Урийы фырт, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй.

23 Йемӕ ӕмгуыст кодта Ахисамахы фырт Охолиав — Даны хӕдзарвӕндагӕй, нывӕфтауӕг, стӕй ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ гӕнӕй нывӕфтыд хъуымӕцтӕ уафӕг ӕрмдӕсны.

24 Уаз Цӕрӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ саразынӕн нывондаг сыгъзӕрин бахъуыди фараст ӕмӕ ссӕдз таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

25 Адӕмы сфыст саразыны тыххӕй цы ӕвзист ӕрӕмбырд, уымӕн йӕ бӕрц уыди сӕдӕ таланты ӕмӕ мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

26 Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

27 Уаз Цӕрӕны цӕджындзты ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕны цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕн бахъуыди ӕвзисты сӕдӕ таланты, сӕдӕ бынӕнцайӕнӕн — сӕдӕ таланты, иу бынӕнцайӕнӕн — иу талант.

28 Ӕвзисты мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз шекелӕй та цӕджындзтӕн скодтой къӕпсыртӕ ӕмӕ уистӕ, стӕй састӕрдтой цӕджындзты цъуппытӕ.

29 Нывондаг ӕрхуыйы бӕрц уыди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз таланты ӕмӕ дыууӕ мин цыппарсӕдӕ шекелы.

30 Уымӕй конд ӕрцыдысты Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, ӕрхуы нывондхӕссӕн йӕ хызӕг ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматимӕ,

31 кӕрты ӕппӕт цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, кулдуары цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, стӕй Цатыры ӕмӕ кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны ӕппӕт михтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan