Рацыд 37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФидыды Чырын 1 Бецалел акъацийӕ сарӕзта Фидыды Чырын, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд дӕр — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 2 Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ. 3 Сарӕзта цыппар сыгъзӕрин цӕджы, йӕ цыппар фисынӕн, дыууӕ цӕджы — ӕмных фӕрстӕй иуы дыууӕ фисыныл, дыууӕ та — иннӕйы дыууӕ фисыныл бафтауынӕн. 4 Акъацийӕ скодта дыууӕ хъилы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй. 5 Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн — йӕ фӕйнӕфарс цӕгты батъыста. 6 Фидыды Чырынӕн скодта сӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 7-8 Сыгъзӕринӕй рацагъта дыууӕ херувимы, Фидыды Чырынӕн йӕ фӕйнӕ кӕроныл, ӕмӕ сиу сты йемӕ. 9 Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты хӕрдмӕ тыгъд ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбӕрзтой Фидыды Чырыны сӕр, сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ арӕзт, се ’ргом та — Чырыны сӕры ’рдӕм. Кувинаг дзулты фынг 10 Бецалел акъацийӕ сарӕзта фынг, йӕ дӕргъ — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 11 Састӕрдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ. 12 Фынджы кӕрӕтты скодта армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауагъта. 13 Сарӕзта цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта фынджы цыппар фисыныл, йӕ цыппар къахыл, 14-15 уадздзӕгтӕ къӕхтыл кӕм ӕндзӕвынц, уымыты. Акъацийӕ скодта дыууӕ хъилы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй, стӕй хъилтӕ цӕгты батъыста, фынг хӕссынӕн. 16 Ӕппынфӕстаг фынгӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодта мигӕнӕнтӕ: къустӕ ӕмӕ куыситӕ — хӕрздӕфгӕнӕнтӕн, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ та — сӕнӕн. Сыгъзӕрин цырагъдарӕн 17 Бецалел сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацагъта цырагъдарӕн, йе ’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын — тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — уыдысты иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй конд. 18 Цырагъдарӕныл уыд ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы — иуӕрдыгӕй, ӕртӕ — иннӕрдыгӕй. 19 Алы къалиуыл дӕр уыд ӕртӕ къусгонды, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ. 20 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уыди цыппар къусгонды, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ. 21 Фыццаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, дыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, ӕртыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр — тымбылӕг; афтӕ хъуамӕ уа цырагъдарӕны ӕхсӕз къалиуы бынмӕ дӕр. 22 Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусгӕндтӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ ӕмӕ ӕд зӕнг — уыди сыгъдӕг сыгъзӕринӕй цагъд. 23 Бецалел ын скодта авд цырагъы, стӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕртыскӕн ӕмӕ фыййӕгтӕ. 24 Йе ’ппӕт дзауматимӕ йыл бахардз кодта сыгъдӕг сыгъзӕрины талант. Будсудзӕн нывондхӕссӕн, сӕрдӕн сой ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн 25 Бецалел акъацийӕ сарӕзта будсудзӕн нывондхӕссӕн. Уый уыд раст цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — дыууӕ ӕлмӕрины. Цы сыкъатӕ йын скодта, уыдон нывондхӕссӕнимӕ уыдысты иу. 26 Састӕрдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ. 27 Сарӕзта дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа. 28 Хъилтӕ скодта акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй. 29 Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia