Рацыд 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Бецалел ӕмӕ Охолиав, стӕй, Уаз Цӕрӕн саразыны охыл Дунедарӕг куырыхон зонд ӕмӕ дӕсныйадӕй кӕй схайджын кодта, уыдон бакӕнӕнт, Дунедарӕг куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ». 2 Моисей фӕсидтис, Дунедарӕг куырыхон зонд кӕмӕн радта ӕмӕ кусын райдайынмӕ разӕнгард чи уыди, уыцы Бецалел ӕмӕ Охолиавмӕ, стӕй иннӕтӕм. 3 Моисейӕ райстой, израилӕгтӕ Уаз Цӕрӕн саразынӕн цы мысайнӕгтӕ ӕрбахастой, уыдон ӕмӕ райдыдтой кусын. Ныр ӕм адӕм та алы райсом дӕр хастой ӕмӕ хастой бархи лӕвӕрттӕ. 4 Уӕд Моисеймӕ ӕрбацыдысты, Уаз Цӕрӕн аразыны куыстытӕ чи кодта, уыдон 5 ӕмӕ йын загътой: «Дунедарӕг кӕй бафӕдзӕхста, уыцы куыст бакӕнынӕн адӕм фагӕй фылдӕр хӕссынц». 6 Моисейы бардзырдмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуаты адӕмӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, мачиуал хӕсса йӕ мысайнӕгтӕ Уаз Цӕрӕнмӕ. Ӕмӕ сын сӕ нал истой. 7 Фаг сӕм ӕрӕмбырд, цас хъуыди, уымӕй фылдӕр. Фембӕлды Цатыр куыд сарӕзтой 8 Цатыраразӕг ӕрмдӕснытӕ здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй сцӕттӕ кодтой дӕс уӕфтӕджы. Уӕфтӕгтӕ аив сфӕлыстой херувимты нывӕфтыдтӕй. 9 Уӕфтӕгтӕ уыдысты ӕмиӕстӕ: дӕргъмӕ — фӕйнӕ аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, уӕрхмӕ — фӕйнӕ цыппар. 10 Алы фондз уӕфтӕджы дӕр кӕрӕдзимӕ бахуыдтой, ӕмӕ сӕ рауади дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны. 11-12 Уыцы дыууӕ ӕмбӕрзӕнӕн сӕ фӕйнӕ тигъыл дӕргъмӕ бахуыдтой фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрвхуыз сӕхтӕджы, иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ иннӕйы сӕхтӕджытӕн се ’мных куыд фӕуой, афтӕ — дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕнынӕн. 13 Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кодтой, ӕмӕ сӕ рауади Уаз Цӕрӕн. 14 Уый фӕстӕ тинтычъийӕ бауафтой иуӕндӕс уӕфтӕджы — Фембӕлды Цатыры цар ӕмбӕрзынӕн. 15 Уӕфтӕгтӕ уыдысты ӕмиӕстӕ: сӕ дӕргъ — фӕйнӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, сӕ уӕрх та — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины. 16 Фондз уӕфтӕджы дзы иумӕ бахуыдтой, ӕхсӕз уӕфтӕджы — иумӕ. 17 Цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной, уый тыххӕй сын сӕ фӕйнӕ кӕроныл бахуыдтой фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы. 18 Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры — сӕхтӕджытӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцынӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной ӕмӕ сӕ иу царӕмбӕрзӕн рауайа. 19 Цатыры царӕн ма скодтой ноджы иу ӕмбӕрзӕн — сырхахуырст фысдзӕрмттӕй, уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрдтой иннӕ ӕмбӕрзӕн — гогырӕ сӕракӕй. 20 Цатыры къултӕ саразынӕн акъацийӕ скодтой фӕлгӕттӕ: 21 сӕ дӕргъ — фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины, сӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 22 Алы фӕлгӕт дӕр арӕзт ӕрцыд, ӕмных ӕвӕрд дыууӕ амадхъӕды баиу кӕнгӕйӕ. Цатыры къулты фӕлгӕттӕ иууылдӕр афтӕ сарӕзтой. 23 Хуссарварс къулӕн скодтой ссӕдз фӕлгӕты 24 ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ, йӕ дыууӕ амадхъӕдӕн. 25 Цӕгатварс къулӕн дӕр скодтой ссӕдз фӕлгӕты 26 ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ. 27 Цатыры фӕстаг, ныгуылӕнварс цы къул уыди, уымӕн скодтой ӕхсӕз фӕлгӕты, 28 Цатыры фӕстаг дыууӕ фисынӕн та — фӕйнӕ фӕлгӕты. 29 Уыцы дыууӕ фӕлгӕты бынӕй уыдысты саджилгонд, сӕрӕй та, фыццаг цӕгыл ӕфтыдӕй — ӕнӕхъӕн. Афтӕмӕй, фӕстаг дыууӕ фисынӕн конд ӕрцыди фӕйнӕ фӕлгӕты. 30 Уыцы аст фӕлгӕтӕн уыди ӕхсӕрдӕс ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ. 31 Акъацийӕ скодтой уӕладзӕнтӕ, фондз уӕладзӕны — Цатырӕн йӕ иу фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, 32 фондз — йӕ иннӕ фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, фондз та — йӕ фӕстаг фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, ныгуылӕнӕрдыгӕй. 33 Алы къулӕн дӕр йӕ астӕуккаг уӕладзӕн тъыст ӕрцыди фӕлгӕтты ’хсӕнты — къулӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. 34 Фӕлгӕттӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, сӕ фӕрсчытыл сын бафидар кодтой сыгъзӕрин цӕгтӕ, хъилтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕрдтой сыгъзӕринӕй. 35 Бауӕфтой мидӕмбӕрзӕн — ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Херувимты нывӕфтыд сурӕттӕй йӕ сфӕлыстой. 36 Дуарӕмбӕрзӕнӕн скодтой цыппар акъаци цӕджындзы, састӕрдтой сӕ сыгъзӕринӕй, бакодтой сыл сыгъзӕрин къӕпсыртӕ ӕмӕ сын рацагътой цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны. 37 Цатырмӕ бацӕуӕнӕн дӕр бауафтой дуарӕмбӕрзӕн. Уыд алыхуызон — ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. 38 Скодтой йын фондз цӕджындзы къӕпсыртимӕ, цъуппытӕ ӕмӕ тӕлытӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, цӕджындзтӕн скодтой фондз ӕрхуы бынӕнцайӕны. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia