Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сабаты уагӕвӕрдтӕ

1 Моисей ӕрӕмбырд кодта Израилы ӕппӕт дзыллӕйы ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕг фӕдзӕхсы:

2 Ӕхсӕз боны дӕргъы кусут, ӕвдӕм бон та уын уӕд уаз ӕнцойбон, сабат, Дунедарӕгӕн — уаз. Уыцы бон чидӕриддӕр бакуса, уый мард ӕрцӕудзӕн.

3 Сабаты-иу арт дӕр ма скӕнут уӕ хӕдзӕртты».


Фембӕлды Цатыр саразынӕн мысайнаг лӕвӕрттӕ

4 Моисей Израилы дзыллӕйӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:

5 Дунедарӕгӕн ӕрӕмбырд кӕнут мысайнӕгтӕ. Алчидӕр уӕ, йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, афтӕ Йын ӕрбахӕссӕд сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы,

6 ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕн ӕмӕ тинтычъи,

7 сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъаци хъӕдӕрмӕг,

8 оливӕйы сой — цырагъӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — сӕрдӕн сойӕн ӕмӕ буд судзынӕн,

9 оникс дур ӕмӕ фӕлгӕты бавӕргӕ зынаргъ дуртӕ — ефод ӕмӕ риуылдарӕн фӕлындынӕн.

10 Къухджын уӕ чи у, уыдон иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ скӕнӕнт, Дунедарӕг цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый:

11 Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ йӕ бынӕнцайӕнтӕ,

12 Фидыды Чырын, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йӕ сӕр, стӕй мидӕмбӕрзӕн,

13 фынг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, стӕй, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдон,

14 цырагъдарӕн ӕд дзауматӕ, ӕд цырӕгътӕ, цырӕгътӕн — сой,

15 будсудзӕн нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ хӕссӕн хъилтӕ, сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,

16 иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕд ӕрхуы хызӕг-фӕлгӕт, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ,

17 кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, сӕ цӕджындзтӕ ӕд бынӕнцайӕнтӕ, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн,

18 Цатыр ныффидар кӕнынӕн — михтӕ, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн ныффидар кӕнынӕн — михтӕ ӕмӕ бӕндӕнтӕ.

19 Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн».

20 Израилы дзыллӕ Моисейы цурӕй рацыдысты.

21 Уый фӕстӕ сӕ алчидӕр хаста зӕрдӕйы фӕндон мысайнаг Дунедарӕгӕн, Фембӕлды Цатыр саразынӕн ӕмӕ йӕ мидӕг алы уаз куыст кӕнынӕн, стӕй сауджынты уазлӕггады дарӕстӕн.

22 Ӕрбацыдысты-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, семӕ-иу ӕрбахастой сӕ зӕрдиаг лӕвӕрттӕ — сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ: фындзцӕгтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, фӕрдгуытӕ. Уыцы сыгъзӕринтӕ хастой Дунедарӕгӕн.

23 Ноджы ма хастой ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕн ӕмӕ тинтычъи, сырхахуырст ӕлдыгъгонд фысдзӕрмттӕ ӕмӕ гогырӕ сӕрак — кӕмӕ цы уыд, уый.

24 Кӕмӕ уыд, уый-иу Дунедарӕгӕн мысайнаг ӕрбахаста ӕвзист кӕнӕ ӕрхуы. Акъаци хъӕдӕрмӕг кӕмӕ уыд, уый дӕр-иу ӕй ӕрбахаста.

25 Къухмимӕ чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕлвыстой ӕмӕ хастой ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, стӕй лыстӕг гӕн.

26 Иннӕ сылгоймӕгтӕ, ӕлвисын чи зыдта ӕмӕ кӕй фӕндыд, уыдон ӕлвыстой тинтычъи.

27 Мыггӕгты хистӕртӕ хастой оникс ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ фӕлгӕты бавӕрынӕн — ефод ӕмӕ риуылдарӕнӕн,

28 стӕй хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ оливӕйы сой — цырагъӕн, сӕрдынӕн ӕмӕ буд судзынӕн.

29 Афтӕ израилӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр Дунедарӕгӕн хастой бархи лӕвӕрттӕ, Дунедарӕг Моисейӕн цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн.


Ӕрмдӕснытӕ баххуырсыны тыххӕй

30 Моисей израилӕгтӕн загъта: «Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг равзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Бецалелы, Хуры фырт Урийы фырты,

31 схайджын ӕй кодта Хуыцауы Удӕй — скодта йӕ куырыхон, радта йын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы ӕвзыгъддзинад,

32 ӕмӕ уый дӕсны у сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуыйы куыст кӕнынмӕ,

33 зоны дуртӕ кӕрдын, фӕлгӕтты сӕ ӕвӕрын, арӕхсы хъӕды куыстмӕ, алы ӕрмгуыстмӕ дӕр дӕсны у.

34 Уымӕн ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндагӕй Ахисамахы фырт Охолиавӕн Дунедарӕг радта иннӕты ахуыр кӕныны курдиат дӕр.

35 Дунедарӕг сын радта нывӕфтауӕджы курдиат, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх, игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ гӕнӕй нывӕфтыд ӕмӕ хуымӕтӕг хъуымӕцтӕ уафыны курдиат — радта сын алы дӕсныйад ӕмӕ алы арӕхстдзинад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan