Рацыд 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФидыды ног къӕйдуртӕ 1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцамай дыууӕ къӕйдуры — кӕй асастай, уыдоны халдихтӕ. Ӕз сыл ныффысдзынӕн, фыццӕгтыл цы ныхӕстӕ ныффыстон, уыдон. 2 Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу. 3 Демӕ мачи ссӕуӕд, иу адӕймаг дӕр ма фӕзынӕд хохыл. Хохрӕбын-иу суанг уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стуртӕ дӕр ма хизӕнт». 4 Моисей ӕрцамадта дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты халдихтӕ, ӕмӕ дыккаг бон сӕумӕйӕ, къӕйдуртӕ йӕ къухты, афтӕмӕй Синайы хохы сӕрмӕ ссыди, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 5 Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном. 6 Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау. 7 Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг». 8 Уыцы ныхӕстӕм Моисей зӕххыл ныддӕлгом ис Хуыцауы раз 9 ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!» 10 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Уемӕ аразын фидыд. Ӕппӕт адӕмы раз Ӕз равдисдзынӕн, зӕххы цъарыл иунӕг адӕммӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм диссӕгтӕ. Уадз ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн цӕрыс, уыдон иууылдӕр тасимӕ кӕсой, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уымӕ. 11 Ӕххӕст кӕнут, абон уын цы фӕдзӕхсын, уый. Уӕ цурӕй уын фӕлидзӕг кӕндзынӕн аморӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты. 12 Цы зӕхмӕ бацӕуат, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, науӕд къӕппӕджы бахаудзыстут. 13 Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ. 14 Дунедарӕгӕй дарддӕр макӕцы хуыцаумӕ кувут, уымӕн ӕмӕ Йӕ ном Ӕнувыддзинад домӕг Кӕмӕн у, Уый у ӕхсайгӕзӕрдӕ Хуыцау. 15 Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут. 16 Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын. 17 Уӕхи къухӕй хуыцӕуттӕ ма аразут уӕхицӕн. 18 Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй. 19 Уӕ фосы фыццаг зӕйцӕн — стурвосӕй уа ӕви лыстӕг фосӕй — йӕ алы нӕл дӕр Мӕн у. 20 Хӕрӕджы фыццаг нӕл къӕлӕу-иу баивут фысы фыццаг нӕл уӕрыккӕй. Куынӕ йӕ баиват, уӕд-иу ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Уӕ алы фыццаг фырты дӕр-иу балхӕнут Мӕнӕй. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд. 21 Ӕхсӕз боны дӕргъы кусут, ӕвдӕм бон та баулӕфут. Хуымгӕнӕнтӕ уой ӕви хуымгӕрдӕнтӕ — уӕ куыст-иу бауромут. 22 Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн. 23 Афӕдз ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз. 24 Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд. 25 Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд. 26 Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц». 27 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ ныффысс. Уыдон сты, демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ цы фидыд аразын, уый домӕнтӕ». 28 Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты. Моисейы цӕсгом тӕмӕнтӕ калы 29 Моисей ӕрхызти Синайы хохӕй, йӕ къухты — Фидыды дыууӕ къӕйдуры. Нӕ зыдта, Хуыцауимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ калын кӕй байдыдта, уый. 30 Фӕлӕ Аарон ӕмӕ израилӕгтӕ федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом ӕмӕ йӕм нӕ бауӕндыдысты ӕввахс бацӕуын. 31 Моисей сӕм басидт, ӕмӕ йӕм уӕд бацыдысты Аарон ӕмӕ дзыллӕйы хистӕртӕ, ӕмӕ Моисей дзырдта семӕ. 32 Уый фӕстӕ йӕм бацыдысты иннӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ сын Моисей фехъусын кодта, Дунедарӕг ын Синайы хохыл цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый. 33 Моисей ныхас куы фӕци, уӕд йӕ цӕсгомыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта. 34 Дунедарӕгимӕ ныхас кӕнынмӕ-иу куы цыд, уӕд-иу систа йӕ цӕсгомӕмбӕрзӕн, цалынмӕ-иу фӕстӕмӕ рацыд, уӕдмӕ. Куы-иу рацыд, уӕд-иу израилӕгтӕн фехъусын кодта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ. 35 Израилӕгтӕ-иу федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом, ӕмӕ та-иу ӕй уый дӕр бамбӕрзта, цалынмӕ-иу ногӕй Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia