Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сыгъзӕрин уӕныг

1 Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».

2 Аарон сын загъта: «Уӕ устытӕ, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕн сӕ хъусцӕджытӕ рафтаут ӕмӕ сӕ ардӕм ӕрбахӕссут».

3 Адӕм сӕ хъусцӕджытӕ рафтыдтой ӕмӕ сӕ Ааронмӕ ӕрбахастой.

4 Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»

5 Аарон уый куы федта, уӕд уӕныджы раз нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ загъта: «Райсом Дунедарӕджы бӕрӕгбон у!»

6 Дыккаг бон райсомӕй адӕм ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Стӕй ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой.

7 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.

8 Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»

9 Дунедарӕг ма ноджыдӕр загъта Моисейӕн: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй ацы адӕм тынг хиваст сты.

10 Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм».

11 Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?

12 Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.

13 Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн».

14 Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ фӕнд аивта — Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй ӕвзыста, уый амӕттаг сӕ нал фӕкодта.

15 Моисей фӕзылд ӕмӕ дӕлӕмӕ фӕуырдыг кодта. Йӕ къухты хаста Фидыды дыууӕ къӕйдуры — дыууӕрдыгӕй дӕр сыл фыстытӕ.

16 Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта.

17 Йешуайӕн адӕмы уынӕр йӕ хъустыл ауад ӕмӕ Моисеймӕ дзуры: «Хӕстон уынӕр хъуысы рӕсӕнуатӕй».

18 Моисей йын афтӕ: «Уый нӕдӕр уӕлахиздзауты хъӕр уыдзӕни, нӕдӕр — бӕрзӕйсаст адӕмы ӕрдиаг. Зарын уайы мӕ хъустыл».

19 Рӕсӕнуатмӕ куы ӕрӕввахс сты, уӕд Моисей федта уӕныг, федта кафӕг адӕмы. Йӕ маст рафыхти Моисейӕн ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон хохы рӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты.

20 Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.

21 Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?»

22 Аарон ын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ма мӕсты кӕн. Ацы адӕм фыд ракӕнынмӕ ӕмхиц сты, уый зоныс.

23 Баййардтой мӕ, скӕн, дам, нын, нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау, науӕд, дам, нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм.

24 Ӕз сын загътон, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ уӕ кӕуыл ис, уыдон сӕ рафтауӕнт ӕмӕ сӕ мӕнмӕ раттӕнт, зӕгъгӕ. Радтой мӕм сӕ, арты сӕ баппӕрстон, ӕмӕ сӕ стӕй рауад ацы уӕныг».

25 Моисей федта: адӕм сӕхи фӕнд атардтой, ӕмӕ сын Аарон сӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ сӕ фыдгулты цӕсты бафтыдта.

26 Рӕсӕнуаты дуарыл ӕрлӕууыди Моисей ӕмӕ загъта: «Дунедарӕджы фарс чи у, уыдон-ма мӕ размӕ рацӕуӕнт!» Левийы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты йӕ размӕ.

27 Моисей сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Алчидӕр уӕ йӕ кард райсӕд ӕмӕ рӕсӕнуатыл ӕрзилӕд иу дуарӕй иннӕ дуары онг, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йе ’мбалы, йӕ хионы».

28 Левийы байзӕддӕгтӕ бакодтой, Моисей сын куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ис ӕртӕ мины бӕрц.

29 Моисей сын ноджы загъта: «Ацы бон сымах уӕхи снывонд кодтат Дунедарӕгӕн уазлӕггад кӕнынӕн: ничи уӕ бавгъау кодта Уымӕн йӕ фырты дӕр ӕмӕ йе ’фсымӕры дӕр, ӕмӕ Дзы арфӕгонд стут!»

30 Дыккаг бон Моисей адӕмӕн афтӕ: «Стыр тӕригъӕд ракодтат. Цӕуон ӕмӕ ссӕуон Дунедарӕгмӕ, кӕд уӕ сраст кӕнин».

31 Аздӕхти Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын загъта: «О Дунедарӕг! Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой. Сӕхицӕн сыгъзӕринӕй скодтой хуыцау.

32 Ныббар сын сӕ тӕригъӕд. Кӕд сын нӕ барыс, уӕд та Дӕ курын, ӕмӕ мӕ ном дӕр фесаф, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй».

33 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз Мӕ Чиныгӕй фесафдзынӕн, Мӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракӕна, уыдоны.

34 Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн».

35 Дунедарӕг Израилы адӕмы бафхӕрдта, Аарон сын цы уӕныг скодта, уый тыххӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan