Рацыд 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстУаз Цӕрӕны ӕрмдӕснытӕ ӕмӕ сӕ куыст 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Хъусыс, Ӕз басидтӕн Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Хуры фырт Урийы фыртмӕ, Бецалелмӕ. 3 Схайджын ӕй кодтон Хуыцауы Удӕй — скодтон ӕй куырыхон, радтон ын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы куыстмӕ дӕсныдзинад. 4 Уый дӕсны у сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуыимӕ архайынмӕ, 5 зоны дуртӕ кӕрдын ӕмӕ сӕ фӕлгӕты ӕвӕрын, арӕхсы хъӕды куыстмӕ дӕр, алцӕмӕ дӕр у дӕсны. 6 Йӕ фарсмӕ йын ӕрлӕууын кодтон Ахисамахы фырт Охолиавы, Даны хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ арӕхстджын кусджытӕй алкӕмӕн дӕр радтон дӕсныдзинад, цӕмӕй саразой, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ: 7 Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ сӕр, Цатыры ӕппӕт дзауматӕ, 8 фынг ӕмӕ йӕ дзауматӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн, 9 иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, 10 уаз куысты дарӕс — алчер Ааронӕн, сауджынлӕггады дарӕс — йӕ фырттӕн. 11 Ноджы ма — сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Уаз Цӕрӕны судзынӕн. Алцыдӕр саразӕнт, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ». Сабаты тыххӕй фӕдзӕхст 12 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: 13 «Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Мӕ сабат Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нысан у, цӕмӕй уӕ зӕрдыл дарат, Ӕз — Дунедарӕг — сымахӕй Мӕхицӕн уаз адӕм кӕй скодтон, уый. 14 Ӕххӕст кӕнут сабаты уагӕвӕрдтӕ — уый уаз у сымахӕн. Сабат чи фӕчъизи кӕна, уый мард ӕрцӕуӕд: сабаты чидӕриддӕр куса, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 15 Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та у сабат, ӕнцойбон, Дунедарӕгӕн — уаз. Сабаты чидӕриддӕр бакуса, уый мард ӕрцӕуӕд. 16-17 Израилӕгтӕ ӕххӕст кӕнӕнт сабаты уагӕвӕрдтӕ, бӕрӕг кӕнӕнт сабаты бӕрӕгбон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уӕд мыггагмӕйы нысан Мӕн ӕмӕ уыдоны ’хсӕн. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй ӕмӕ улӕфыд». Фӕдзӕхстыты дыууӕ къӕйдуры 18 Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia