Рацыд 30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстБудсудзӕн нывондхӕссӕн 1 Акъацийӕ сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн. 2 Уӕд цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд — дыууӕ ӕлмӕрины. Скӕн ын сыкъатӕ дӕр, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ. 3 Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ӕрзил сыгъзӕрин мӕскъ. 4 Сараз дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа. 5 Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй. 6 Нывондхӕссӕн ӕрӕвӕр, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны аууон ис, уый раз, йӕ сӕры бакомкоммӕ. Фидыды Чырыны сӕрмӕ-иу дӕм Ӕз раргом уыдзынӕн. 7 Аарон ыл буд судзӕд алы райсом, цырагъдарӕны цырӕгътӕ-иу куы барӕвдз кӕна, уый фӕстӕ, 8 стӕй алы изӕр, цырӕгътӕ-иу куы ссудза, уӕд. Дунедарӕджы раз уӕм буд сыгъд цӕуӕд ӕдзухдӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 9 Ӕцӕг-иу нывондхӕссӕныл мадӕр нӕфӕтчиаг буд ӕрӕвӕрут, мадӕр — иууылсудзинаг нывонд, мадӕр — хойраджы хуын, мадӕр — сӕн. 10 Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг». 11 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 12 «Израилӕгты сфыст куы аразай, уӕд-иу сӕ алчидӕр йӕхи номыл раттӕд фиддон Дунедарӕгӕн, цӕмӕй сыл сфысты аххосӕй мацы бӕллӕх ӕрцӕуа. 13-14 Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн. 15 Дунедарӕгӕн уӕхи тыххӕй мысайнаг куы дӕттат, уӕд хъӕздыг шекелы ӕмбисӕй фылдӕр ма дӕттӕд, мӕгуыр та шекелы ӕмбисӕй къаддӕр. 16 Уыцы фиддон-иу израилӕгтӕй райс ӕмӕ йӕ хардз кӕн Фембӕлды Цатыры лӕггады. Ӕмӕ уый фӕрцы Дунедарӕджы зӕрдыл лӕудзысты Израилы адӕм — уӕ царды аргъ фыст кӕй ӕрцыди, уый». Хихсӕн ӕрхуы аг 17 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 18 «Сараз хихсӕн ӕрхуы аг ӕмӕ йын скӕн ӕрхуы суанцъы. Ӕрӕвӕр ӕй Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн. 19 Аарон ӕмӕ-иу дзы йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт, 20 Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ уазлӕггад кӕныны фӕдыл, Дунедарӕгӕн арты нывонд ӕрхӕссынӕн, нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбаввахс уой, уӕд. 21 Сӕ къухтӕ ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт, науӕд амӕлдзысты. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Ааронӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». Сӕрдӕн сой 22 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 23 «Райс ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕй: тӕдзгӕ миррӕ — фондзсӕдӕ шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг корицӕ — дыууӕ хатты къаддӕр, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг хъӕз дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы, 24 хӕрздӕфгӕнӕг касси — фондзсӕдӕ шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ, стӕй оливӕйы сой — иу гин. 25 Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт ӕмӕ афтӕмӕй скӕн уаз сӕрдӕн сой. 26 Байсӕрд дзы Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын, 27 фынг йе ’ппӕт дзауматимӕ, цырагъдарӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн, 28 иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ. 29 Снывонд сӕ кӕн иууылдӕр, ӕмӕ срухс уыдзысты. Уый фӕстӕ сыл-иу цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз. 30 Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ. 31 Израилӕгтӕн та Мӕ номӕй зӕгъ: уый уын уыдзӕни уаз сӕрдӕн сой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 32 Ӕндӕр дзы мачи цӕуӕд сӕрст. Уый хуызӕн сӕрдӕн ма кӕнут уӕхицӕн — уаз уын уӕд. 33 Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн». Хӕрздӕфы нывонд 34 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хелбена, стӕй се ’ппӕты бӕрц сыгъдӕг буд. 35 Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт, цӕмӕй сӕ рауайа судзинаг хӕрздӕфгӕнӕн; цӕхх дӕр ма йыл акӕн. Хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ уаз. 36 Фӕхты сӕ лыстӕг ныххой ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз, Фембӕлды Цатыры мидӕг, Мӕхи дӕм кӕм ӕргом кӕндзынӕн, уым. Уыцы хӕрздӕфгӕнӕн уын уыдзӕни иууылуаз. 37 Ахӕм хӕрздӕфгӕнӕн мачи саразӕд йӕхицӕн, уымӕн ӕмӕ уый у Дунедарӕджы уаз хай. 38 Чи сараза ӕмӕ йӕм чи басмуда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia