Рацыд 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау фыццаг хатт раргом ис Моисеймӕ 1 Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ. 2 Уыцы ран ӕм Дунедарӕджы зӕд раргом ис арты ӕвзӕгты, судзгӕ сындзкъутӕрӕй. Моисей федта: къутӕрыл арт сирвӕзт, фӕлӕ йӕ нӕ судзы. 3 Йӕхинымӕр загъта: «Цом-ма фенон, уый цы диссаг уа, къутӕр йӕхӕдӕг куыд нӕ басудзы?» 4 Дунедарӕг федта, Моисей хӕстӕгдӕр бацыд, уый ӕмӕ йӕм къутӕрӕй радзырдта: «Моисей! Моисей!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!» 5 Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх. 6 Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын. 7 Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст, 8 ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон. 9 Израилӕгты дзыназын Мӕм сыхъуыст, федтон, мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый. 10 Цӕугӕ уӕдӕ — Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ: Мӕ адӕмы Мын, израилӕгты, Мысырӕй ракӕн». 11 Фӕлӕ Моисей загъта: «Чи дӕн ӕз, цӕмӕй ацӕуон фараонмӕ ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй ракӕнон?» 12 Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут». 13 Моисей бафарста: «Израилӕгтӕм куы фӕцӕуон, уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ сымахмӕ рарвыста, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ уыдон Дӕ номӕй куы бафӕрсой, уӕд сын куыд хъуамӕ зӕгъон?» 14 Хуыцау загъта Моисейӕн: «ӔЗ ДӔН, ЧИ ДӔН, УЫЙ. Ӕмӕ-иу ахӕм дзуапп ратт израилӕгтӕн: „Мӕн сымахмӕ рарвыста, Йӕ ном ӔЗ ДӔН кӕмӕн у, Уый“». 15 Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват. 16 Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый. 17 Ӕмӕ сфӕнд кодтон: цагъары къӕлӕты бын кӕм удхар кӕнут, уыцы Мысырӕй уӕ акӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ“. 18 Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“. 19 Ӕз зонын, Мысыры паддзах уӕ нӕ рауадздзӕн, уромдзӕн уӕ, Мӕ хъомыс Мын ницӕмӕ даргӕйӕ. 20 Ӕмӕ сӕм уӕд Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ диссӕгты хуызы Мӕ азар бафтаудзынӕн Мысырыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕни Мысыры паддзах. 21 Ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй уын мысырӕгтӕ хорз ракӕной — афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут Мысырӕй: 22 алы сылгоймаг дӕр уӕ йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс. Къахӕй къухмӕ сараздзыстут уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты. Стыр ӕфтиагимӕ рацӕудзыстут Мысырӕй». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia