Рацыд 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСауджын суӕвыны тыххӕй амындтытӕ 1 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры. 2 Райс донгонд дзул, сойхӕццӕ донгонд гуылтӕ ӕмӕ сойхӕццӕ донгонд лауаситӕ — се ’ппӕт дӕр ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — 3 ӕмӕ сӕ нывӕр иу чыргъӕды. Чыргъӕд ӕрбахӕсс, ӕрбакӕн гал ӕмӕ дыууӕ фыры дӕр. 4 Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй ӕрӕхс. 5 Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт. 6 Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, сарыхъыл та разӕй сӕвӕр уаз уадздзаг. 7 Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд. 8 Аароны фыртты дӕр ӕрбакӕн ӕмӕ сыл скӕн хӕдӕттӕ. 9 Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, сӕрылбӕттӕнтӕ сыл бабӕтт. Ӕмӕ уӕд сауджынлӕггад мыггагмӕ суыдзӕни уыдоны. Афтӕмӕй сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕндзынӕ. 10 Фембӕлды Цатыры размӕ ӕрбакӕн гал, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт. 11 Дунедарӕджы раз, Цатыры къӕсӕрмӕ, аргӕвд галы, 12 стӕй йын йӕ тугӕй де ’нгуылдзыл сис ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор, иннӕ туг та иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акал. 13 Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз. 14 Галӕн йӕ фыд, йӕ царм, йӕ хуылфыдзаума та рӕсӕнуаты ӕдде арты хай бакӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд. 15 Ӕрбакӕн-иу фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт. 16 Фыры аргӕвд ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал. 17 Фырӕн йӕхи суӕнгтӕ кӕн, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ ссыгъдӕг кӕн, сӕр ӕмӕ сӕ иннӕ уӕнгты уӕлӕ ӕрӕвӕр 18 ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн. 19 Ӕрбакӕн дыккаг фыр, ӕмӕ уымӕн дӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт. 20 Ды-иу ӕй аргӕвд ӕмӕ йын йӕ тугӕй ацахор Аарон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты ӕлгътӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ. Иннӕ туг-иу нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал. 21 Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр. 22 Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр. 23 Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд ис, уыдонӕй дӕр сис: иу — дзул, иу — сойхӕццӕ хыссӕйӕ конд, иу — тӕнӕг. 24 Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл. 25 Уый фӕстӕ сын сӕ райс сӕ къухтӕй ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басудз Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывондӕн. 26 Аароны сауджын скӕныны охыл нывондӕн цы фыр ӕрхастой, уымӕн йӕ кӕразимаг райс ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сис. Уый уыдзӕни дӕ хай. 27 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн рахицӕн кӕн, хӕрдмӕ кӕй систӕуыд, нывондӕн хаст фыры уыцы кӕразимаг ӕмӕ рахиз сгуы ӕмӕ сӕ уазыл банымай. 28 Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл. 29 Аароны уаз дарӕс йӕ фӕстӕ баззайӕд йӕ байзӕддӕгтӕн: сӕ уӕлӕ-иу сӕ скӕндзысты, куы-иу сӕ сӕрдой ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн куы нывонд кӕной, уӕд. 30 Йӕ байзӕддагӕй йӕ фӕстӕ сауджын чи суа, уый-иу сӕ скӕнӕд ӕмӕ сӕ фӕдарӕд авд боны дӕргъы — Фембӕлды Цатырмӕ-иу бацӕуӕд ӕмӕ Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнӕд уыцы дарӕсы. 31 Нывонд фыры дзидза райс ӕмӕ йӕ уаз бынаты сфыц. 32 Дзидза дӕр ӕмӕ чыргъӕды дзултӕ дӕр Аарон йӕ фырттимӕ хӕрӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ. 33 Хъуамӕ сӕхӕдӕг бахӕрой, ссыгъдӕг кӕнын, сауджын скӕнын ӕмӕ срухс кӕныны тыххӕй сын цы нывӕндтӕ ӕрхастӕуыди, уыдон. Ӕддагон дзы ма саходӕд — уаз у. 34 Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты. 35 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕн. Цӕмӕй сауджынтӕ суой, уый тыххӕй авд боны дӕргъы фӕлхат кӕн ацы ӕгъдау. 36 Алы бон дӕр-иу се ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй гал аргӕвд тӕригъӕды нывондӕн. Ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау дӕр ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд — срухс ӕй кӕныны охыл. 37 Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз. Ӕрвылбоны нывӕндтӕ 38 Алы бон дӕр-иу уыцы нывондхӕссӕныл нывондӕн ӕрхӕсс дыууӕ уӕрыччы. 39 Сӕ иу — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй. 40 Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн. 41 Изӕрӕй нывондӕн цы уӕрыкк хӕссай, уыимӕ дӕр ӕмбӕлы ӕрбахӕссын ахӕм хойраджы хуын ӕмӕ сӕн — ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн. 42 Ацы иууылсудзинаг нывонд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ, хӕссут ӕрвылбон, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ — уыцы Цатыры уӕм Ӕз ӕргом кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ дзурдзынӕн демӕ. 43 Уым Мӕхи ӕргом кӕндзынӕн израилӕгтӕм, ӕмӕ Цатыр Мӕ кады фӕрцы суыдзӕни уаз. 44 Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ. 45 Ӕз цӕрдзынӕн израилӕгты ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, 46 ӕмӕ уӕд сӕ зӕрдыл дардзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, сӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй сӕ чи ракодта, Уый. Ракодтон сӕ, цӕмӕй цӕрон се ’хсӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia