Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Алчеры дарӕс

1 Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.

2 Де ’фсымӕр Ааронӕн скӕнын кӕн уаз дарӕстӕ — кад ӕмӕ рӕсугъддзинады нысанӕн.

3 Се скӕнын сын, ахӕм дӕсныйад кӕмӕн радтон, уыцы арӕхстджынтӕн бафӕдзӕхс, ӕмӕ Мын Аароны сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн.

4 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной.

5 Уыдӕттӕ скӕнынӕн райсӕнт сыгъзӕрин, стӕй ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын ӕмӕ лыстӕг гӕн.

6 Ефод скӕнӕнт сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ.

7 Ефоды дыууӕ кӕроныл хъуамӕ фидаргонд уа дыууӕ уӕхскбосы.

8 Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр хъуамӕ уа, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.

9 Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ:

10 ӕхсӕз номы куыд хистӕрӕй скъах иу дурыл, ӕхсӕз та — иннӕ дурыл.

11 Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты

12 ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды уӕхскбостыл. Уыцы дуртӕ — Израилы фыртты мысынӕн. Аарон сын Дунедарӕджы раз сӕ нӕмттӕ хӕссӕд йӕ дыууӕ уӕхскыл — мысынӕн.

13 Сыгъзӕрин фӕлгӕттӕ сараз,

14 сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз бӕндӕнау здыхт дыууӕ рӕхысы ӕмӕ сӕ фӕлгӕттӕм бафидар кӕн.


Алчеры риуылдарӕн

15 Ноджы ма скӕн Дунедарӕджы амындтыты риуылдарӕн, уый дӕр, ефодау, — сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, стӕй здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ.

16 Уӕд цыппӕрдигъон, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр — уылынг, дыдагъ уӕфтӕгӕй конд.

17 Риуылдарӕныл скӕн фӕлгӕттӕ зынаргъ дурты цыппар рӕнхъӕн. Фыццаг рӕнхъы уыдзысты лал, топаз, изумруд;

18 дыккаджы — малахит, сапфир, алмаси;

19 ӕртыккаджы — гиацинт, агат, аметист;

20 цыппӕрӕмы — хризолит, оникс, яшмӕ. Бавӕрын сӕ хъӕудзӕни сыгъзӕрин фӕлгӕтты.

21 Дуртӕ нымадӕй уӕнт дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыст куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцӕуӕнт Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.

22 Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз здыхтбыд рӕхысбостӕ.

23 Скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕнӕн йӕ дыууӕ къуымы бафидар кӕн,

24 дыууӕ здыхтбыд рӕхысбосӕй сӕ баиу кӕн

25 дыууӕ фӕлгӕтимӕ, фӕлгӕттӕ та ефоды уӕхскбостӕм бафидар кӕн разӕрдыгӕй.

26 Ноджы ма скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕны бинаг дыууӕ къуымыл мидӕджырдыгӕй, риуылдарӕн ефодимӕ кӕм иу кӕны, уым бафидар кӕн.

27 Ноджы ма скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды раззаг хайыл, бынӕй, ефодӕн йӕ астӕубосы сӕрмӕ.

28 Риуылдарӕны бинаг цӕгтӕ ефоды цӕгтимӕ баст ӕрцӕуӕнт ӕрвхуыз синагӕй, астӕубосы сӕрмӕ риуылдарӕн ефодыл ӕнгом куыд бада, афтӕ.

29 Аарон, Уаз Цӕрӕнмӕ цӕугӕйӕ, йӕ риуыл — риуылдарӕныл — хӕссӕд Израилы фыртты нӕмттӕ, Дунедарӕджы раз сӕ ӕнӕсцухӕй мысыны охыл.

30 Амындтыты риуылдарӕны бавӕр урим ӕмӕ туммим, хъуамӕ уой Аароны риуыл, Дунедарӕджы размӕ-иу куы цӕуа, уӕд. Аарон Дунедарӕджы раз куы лӕууа, уӕд кӕддӕриддӕр йӕ риуыл уӕнт Дунедарӕджы амындтытӕ Израилы адӕмӕн.


Алчеры иннӕ дарӕстӕ

31 Ефоды бын дарынӕн скӕн пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз.

32 Пӕлӕзы астӕуӕй уӕд къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттыл уӕд фидар уӕфтӕджы уадздзаг хуыд, цӕмӕй ма скъуыйа.

33 Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скӕн гранаты дыргъты ӕнгӕс тымбылӕгтӕ, уыдоны ’хсӕнты та ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ.

34 Фӕччитыл кӕрӕй-кӕронмӕ, ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты — сыгъзӕрин дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг, сыгъзӕрин дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг.

35 Уыцы пӕлӕз хъуамӕ уа Аароныл, лӕггад куы кӕна, уӕд, цӕмӕй Уаз Цӕрӕнмӕ, Дунедарӕджы размӕ, цӕугӕйӕ, стӕй уырдыгӕй фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ дӕр, хъуыса дзӕнгӕрджыты зӕлланг, — науӕд амӕлдзӕн.

36 Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“.

37 Ӕрвхуыз синагӕй йӕ бабӕтт сарыхъы ӕдде, разӕрдыгӕй,

38 Аароны ныхыл. Аарон дзуапп дӕтты, израилӕгтӕ, сӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, цы рӕдыдтытӕ ӕруадзынц, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй, ӕмӕ сын-иу Дунедарӕг цӕмӕй сӕ куывд айса, уый тыххӕй уыцы сыгъзӕрин уадздзаг ӕдзухдӕр хъуамӕ Аароны ныхыл уа.

39 Ааронӕн лыстӕг гӕнӕй бауаф нывӕфтыд хӕдон, скӕн ын сарыхъ лыстӕг гӕнӕй, бауаф ын нывӕфтыд рон.


Сауджынты дарӕстӕ

40 Аароны фырттӕн бауаф хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ — кад ӕмӕ аивы нысанӕн.

41 Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де ’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.

42 Гӕнӕй сын бауафын кӕн цыбыр, зӕнджы фӕтасӕнтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм хӕлӕфтӕ — сӕ худинаг ӕмбӕрзынӕн.

43 Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan