Рацыд 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн 1 Акъацийӕ сараз нывондхӕссӕн: фондз ӕлмӕрины — дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины. 2 Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕр ӕрхуыйӕ. 3 Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ. 4 Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ сараз хызӕг ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы бафидар кӕн фӕйнӕ ӕрхуы цӕджы. 5 Нывондхӕссӕны мӕсчъы бын ӕй бафидар кӕн, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕумӕ куыд ӕххӕсса, афтӕ. 6 Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ састӕр ӕрхуыйӕ. 7 Нывондхӕссӕн йӕ бынатӕй куы хӕссат, уӕд-иу уыцы хъилтӕ, йӕ фӕйнӕфарс цы цӕгтӕ ис, уыдоны акӕндзыстут. 8 Нывондхӕссӕн сараз фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа, афтӕ. Саразын ӕй хъӕуы, хохыл дын куыддӕриддӕр равдыстӕуыд, афтӕ. Фембӕлды Цатыры кӕрт 9 Цатырӕн йӕ алыварс скӕнут кӕрт. Хуссарӕрдыгӕй йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, дӕргъмӕ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины, 10 ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, фӕйнӕ ӕрхуы бынӕнцайӕнимӕ. Цӕджындзтыл уӕд ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ. 11 Цӕгатӕрдыгӕй дӕр йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн — фондзыссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн, ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, алы цӕджындз дӕр — ӕрхуы бынӕнцайӕныл. Цӕджындзтыл, кӕрӕдзимӕ сӕ бафидар кӕнынӕн, уӕд ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ. 12 Ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн — кӕрты уӕрхӕн, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, дӕс цӕджындзыл ауыгъд, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ. 13 Кӕрты уӕрх скӕсӕнӕрдыгӕй уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. 14-15 Кулдуары рахизфарс ӕмӕ галиуфарс ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕн сӕ дӕргъ уӕд фӕйнӕ фынддӕс ӕлмӕрины, сӕ дыууӕ дӕр уӕнт ӕртыгай цӕджындзтыл ауыгъд, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ. 16 Кулдуарӕн бауаф нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн, ссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Кулдуарӕн уӕд цыппар цӕджындзы, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ. 17 Кӕрты цӕджындзтӕн се ’ппӕт къӕпсыртӕ ӕмӕ иугӕнӕн уистӕ дӕр уӕнт ӕвзистӕй, сӕ бынӕнцайӕнтӕ та ӕрхуыйӕ. 18 Кӕртӕн йӕ дӕргъ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, здыхт гӕнӕй уафт ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. Цӕджындзтӕн — ӕрхуы бынӕнцайӕнтӕ. 19 Цатыры ӕппӕт дзаумӕттӕ, цатыры ӕмӕ кӕртӕмбӕрзӕны михтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. Сой — цырагъдарӕнӕн 20 Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй-иу дӕм цырагъдарӕнӕн ӕрбахӕссой къухӕй лӕмӕрст сыгъдӕг оливӕйы сой — цырагъдарӕны цырӕгътӕ кӕддӕриддӕр куыд судзой. 21 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia