Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фембӕлды Цатыр

1 Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.

2 Алы уӕфтӕгӕн дӕр йӕ дӕргъ — аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — цыппар ӕлмӕрины. Иууылдӕр хъуамӕ ӕмиӕстӕ уой.

3 Алы фондз уӕфтӕджы дӕр иумӕ бахуый, дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны сӕ куыд рауайа, афтӕ.

4-5 Ӕмбӕрзӕнты кӕройнаг уӕфтӕгтыл дӕргъӕй-дӕргъмӕ скӕн фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрвхуыз сӕхтӕджы, иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ иннӕйы сӕхтӕджытимӕ ӕмных куыд уой, афтӕ.

6 Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй кӕрӕдзимӕ баиу кӕн дыууӕ ӕмбӕрзӕны, ӕмӕ сӕ рауайдзӕн Уаз Цӕрӕн.

7 Тинтычъийӕ сцӕттӕ кӕн иуӕндӕс уӕфтӕджы — Цатыры цар ӕмбӕрзынӕн.

8 Алы уӕфтӕгӕн дӕр йӕ дӕргъ уӕд дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — цыппар ӕлмӕрины. Иууылдӕр хъуамӕ ӕмиӕстӕ уой.

9 Фондз уӕфтӕджы дзы кӕрӕдзимӕ бахуый, ӕхсӕз уӕфтӕджы — кӕрӕдзимӕ (ӕхсӕзӕм уӕфтӕг дыдагъӕй Цатырӕн йӕ бацӕуӕны сӕрмӕ ӕруадз).

10 Ӕмбӕрзӕнтӕй иуы кӕройнаг уӕфтӕгыл бахуый дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕройнаг уӕфтӕгыл дӕр бахуый дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы — дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕныны охыл.

11 Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры ӕмӕ сӕ сӕхтӕджытимӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцын кӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕнӕй рауайа иу — царӕмбӕрзӕн.

12 Ӕмбӕрзӕны уӕлдай, уӕфтӕгӕй цы ӕмбис баззади, уый ӕруадз Цатыры фӕстаг къулыл,

13 уӕфтӕгты уӕлдай та — иуӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр ӕлмӕрины йас — ӕруадз Цатыры фӕрстыл, къултӕ дӕр ӕмбӕрзт куыд ӕрцӕуой, афтӕ.

14 Скӕнут-ма цатыры сӕрӕн ноджыдӕр иу ӕмбӕрзӕн — сырхахуырст фысдзӕрмттӕй, уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрут ӕндӕр ӕмбӕрзӕн — гогырӕ сӕракӕй.


Фембӕлды Цатыры хъӕдӕрмӕг

15 Цатыры къултӕн скӕнут акъаци фӕлгӕттӕ:

16 алкӕмӕн дӕр дзы йӕ дӕргъ — дӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.

17 Хъуамӕ алы фӕлгӕт дӕр арӕзт ӕрцӕуа кӕрӕдзимӕ баиугонд дыууӕ хъӕдӕй. Цатыры къулты фӕлгӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ахӕмтӕ.

18 Хуссарварс къулӕн скӕн ссӕдз фӕлгӕты

19 ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ, йӕ дыууӕ хъӕдӕн.

20 Цӕгатварс къулӕн дӕр скӕн ссӕдз фӕлгӕты

21 ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ.

22 Цатыры фӕстаг, ныгуылӕнварс, къулӕн скӕнут ӕхсӕз фӕлгӕты,

23 фӕстаг дыууӕ фисынӕн та — фӕйнӕ.

24 Уыцы дыууӕ фӕлгӕты хъуамӕ бынӕй уой саджилгонд, уӕлейӕ та (фыццаг цӕг кӕм ис, уым) — ӕнӕхъӕн. Ахӕм фӕлгӕттӕ хъуамӕ уой дыууӕ, алы фисынӕн дӕр — фӕйнӕ.

25 Уыцы аст фӕлгӕтӕн скӕнын хъӕуы ӕхсӕрдӕс ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ.

26 Акъацийӕ скӕн уӕладзӕнтӕ, фондз — Цатырӕн йӕ иу фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн,

27 фондз — йӕ иннӕ фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, фондз та — йӕ фӕстаг фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн — ныгуылӕнӕрдыгӕй.

28 Астӕуккаг уӕладзӕн хъуамӕ ацӕуа фӕлгӕтты ’хсӕнты — иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.

29 Фӕлгӕттӕ састӕр сыгъзӕринӕй, сыгъзӕринӕй скӕн цӕгтӕ, уӕладзӕнтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕр сыгъзӕринӕй.

30 Цатыр ӕрӕвӕр, хохы сӕр дын амынд куыд ӕрцыди, афтӕ.


Фембӕлды Цатыры дуарӕмбӕрзӕнтӕ

31 Бауаф мидӕмбӕрзӕн ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Йӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.

32 Ӕрцауындз ӕй сыгъзӕринастӕрд цыппар акъаци цӕджындзыл, сыгъзӕрин къӕпсыртӕ сыл, цӕджындзтӕн — цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны.

33 Мидӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл ӕмӕ йын Фидыды Чырын сӕвӕр йӕ фӕстӕ. Уыцы мидӕмбӕрзӕн уыдзӕни Рухсмонуат ӕмӕ Уаз бынаты ’хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзӕни.

34 Фидыды Чырынӕн Рухсмонуаты йӕ сӕр йӕ уӕлӕ сӕвӕр.

35 Мидӕмбӕрзӕны раз ӕрӕвӕр фынг, фынджы бакомкоммӕ та — цырагъдарӕн. Цырагъдарӕн Цатырӕн хъуамӕ лӕууа йӕ хуссарварс, фынг та — йӕ цӕгатварс.

36 Цатырмӕ бацӕуӕнӕн дӕр бауафын кӕн нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.

37 Ацы дуарӕмбӕрзӕнӕн скӕн фондз акъаци цӕджындзы, састӕр сӕ сыгъзӕринӕй ӕмӕ сыл бакӕн сыгъзӕрин къӕпсыртӕ. Цӕджындзтӕн ӕрхуыйӕ рацӕгъд фондз бынӕнцайӕны.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan