Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фидыд Синайы хохыл

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.

2 Дӕу йеддӕмӕ Мӕм уыдонӕй ӕввахс мачи ӕрбацӕуӕд. Иннӕ адӕмӕн демӕ хохмӕ ссӕуӕн нӕй».

3 Моисей адӕммӕ бацыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Дунедарӕг цы зӕгъа, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм».

4 Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.

5 Израилы ӕрыгон лӕппутӕн загъта, ӕмӕ ӕрбакодтой галтӕ — Дунедарӕгӕн ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.

6 Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.

7 Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».

8 Уӕд Моисей райста тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кодта адӕмыл. Загъта: «Уый у, Дунедарӕг сымахимӕ Йӕ уагӕвӕрдты бындурыл кӕй сарӕзта, уыцы фидыды туг».

9 Уый фӕстӕ Моисей, Аарон, Надав, Авигу ӕмӕ Израилы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хистӕры ссыдысты хохы сӕрмӕ

10 ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг.

11 Ӕмӕ Хуыцау Йӕ къух нӕ систа Израилы фӕтӕгтӕм: уыдон федтой Хуыцауы ӕмӕ минас кодтой уыцы ран.


Моисей цӕуы хохы сӕрмӕ

12 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».

13 Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.

14 Уый размӕ Израилы хистӕртӕн та загъта: «Ам лӕуут, цалынмӕ мах фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ. Мӕнӕ Аарон ӕмӕ Хур уыдзысты уемӕ, ӕмӕ уӕ исты хъуыддаг кӕмӕ уа, уый-иу ӕй уыдонӕн зӕгъӕд».

15 Уыйадыл Моисей хохы сӕрмӕ ссыд. Мигъ бадти хохыл:

16 уый Дунедарӕджы кад ӕрцыди Синайы хохмӕ. Ӕхсӕз боны дӕргъы хох мигъӕй нӕ зынд. Ӕвдӕм бон Дунедарӕг мигъы хуылфӕй фӕсидти Моисеймӕ.

17 Пиллӕттӕ уадзӕг артау зынди хохы сӕрӕй Дунедарӕджы кад израилӕгтӕм.

18 Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan