Рацыд 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРӕстӕй цӕр 1 Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу. 2 Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн. 3 Мӕгуыр лӕгӕн дӕр тӕрхондоны фарсласӕн ма кӕн. 4 Де знаджы фос — гал уа ӕви хӕрӕг — куы фӕдзӕгъӕл уа ӕмӕ йыл афтӕмӕй искуы дӕ цӕст куы ’рхӕца, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй йӕ хицаумӕ баздах. 5 Дӕ фыдгулы хӕрӕг йӕ уаргъы бын ӕрхауди, уый куы фенай, уӕд йӕ иувӕрсты ма ацу — хӕрӕджы хицаумӕ фӕкӕс, ӕмӕ йӕ сыстын кӕнут иумӕ. 6 Раст ӕвзар дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры хъаст. 7 Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн. 8 Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты. 9 Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр. Сымах зонут, ӕцӕгӕлон зӕххыл цӕрын куыд зын у, уый: уӕхӕдӕг дӕр Мысыры ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут. Сабаты аз ӕмӕ сабатбоны тыххӕй амындтытӕ 10 Ӕхсӕз азы дӕргъы таут уӕ хуымтӕ ӕмӕ сын ӕфснайут сӕ бӕркад, 11 фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы ’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр. 12 Ӕхсӕз боны дӕргъы кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын уӕд ӕнцойы бон, цӕмӕй баулӕфой уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ дӕр, сӕ фӕллад суадзой уӕ цагъайраг сылгоймӕгты фырттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ. 13 Ӕххӕст кӕнут, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдон. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут, сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй дӕр ма хауӕнт. Афӕдзы ӕртӕ стыр бӕрӕгбоны 14 Афӕдзӕй-афӕдзмӕ Мын бӕрӕгбон кӕнут ӕртӕ хатты. 15 Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд. 16 Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон — уӕ хуымты цы хор байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Ноджы ма афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн дӕр. 17 Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы раз. 18 Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут. 19 Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц. Хуыцауы зӕрдӕбавӕрдтӕ 20 Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. 21 Нымайут ӕй ӕмӕ йӕм хъусут. Йӕ ныхмӕ ма рацӕут — нӕ уын ныббардзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг цӕры Мӕ ном. 22 Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг. 23 Мӕ зӕд ацӕудзӕн уӕ разӕй ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм, ханаанӕгтӕм, хиввӕгтӕм ӕмӕ йевусӕгтӕм — ӕмӕ Ӕз бабын кӕндзынӕн уыцы адӕмты. 24 Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ. 25 Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ. 26 Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн. 27 Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты. 28 Фыд азар уын арвитдзынӕн уӕ разӕй, ӕмӕ удаистӕй лидздзысты хиввӕгтӕ, ханаанӕгтӕ ӕмӕ хеттӕгтӕ. 29 Ӕцӕг сӕ ӕвӕстиатӕй — иу афӕдзмӕ — нӕ асурдзынӕн, цӕмӕй бӕстӕ ма федзӕрӕг уа ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ ма сбирӕ уой уӕ алыварс ӕмӕ уӕ ма стыхсын кӕной. 30 Чысылгай сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ уӕхӕдӕг сбирӕ уат ӕмӕ уыцы бӕстӕ иууылдӕр уӕхи бакӕнат, уӕдмӕ. 31 Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй. 32 Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд. 33 Уыцы адӕмтӕ хъуамӕ ма цӕрой сымах зӕххыл, науӕд уӕ фӕтӕригъӕдджын кӕндзысты — Мӕ ныхмӕ уӕ сардаудзысты. Уыдоны хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, сымах цъысымы бахаудзыстут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia