Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Исбоны тыххӕй уагӕвӕрдтӕ

1 Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава ӕмӕ йӕ куы аргӕвда кӕнӕ куы ауӕй кӕна, уӕд-иу галы сӕрмӕ раттӕд фондз галы, фысы сӕрмӕ та цыппар фысы.

2 Давӕджы сисы бын къахгӕ чи баййафа, афтӕмӕй йӕ чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый азымджын нӕу.

3 Фӕлӕ ацы хъуыддаг хурыскасты фӕстӕ куы ’рцӕуа, уӕд марӕг азымджын у. Давӕг хъуамӕ бафида, фӕлӕ йӕм куы ницы уа, уӕд, цы адавта, уый ныхмӕ уӕйгонд ӕрцӕуӕд йӕхӕдӕг.

4 Цы адавта, уый йӕм — гал уа, хӕрӕг ӕви фыс — удӕгасӕй куы ссарой, уӕд-иу ӕй бафидӕд дывӕрӕй.

5 Исчи искӕй хуым кӕнӕ сӕндонӕн знаггад куы ракӕна — йӕ фос ӕм хизынмӕ куы бауадза, ӕмӕ йӕ куы фесафой, уӕд, цы зиан ракӕной, уый бафидӕд йӕхи хуым кӕнӕ сӕндоны ӕвзаргӕ тыллӕгӕй.

6 Исчи арт куы скӕна, ӕмӕ арт сыхаджы хуымы какон ӕмбондыл куы схӕца ӕмӕ куыристӕ кӕнӕ ӕнӕкарст хоры хуым куы басудза, уӕд арт скӕнӕг, цы зиан ракодта, уый бафидӕд.


Исбоны тыххӕй хъаугъатӕ

7 Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд.

8 Давӕджы не ссардтой, зӕгъгӕ, уӕд та хӕдзары хицау Хуыцауы раз ӕрлӕууӕд, кӕйдӕр исбонмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй.

9 Алы дзырддаг гал, хӕрӕг, фыс кӕнӕ уӕлӕдарӕс, цыфӕнды сӕфт мулчы фӕдыл быцӕу дӕр хъуамӕ хаст ӕрцӕуа Хуыцауы тӕрхонмӕ. Мулкӕй, мӕн у, зӕгъгӕ, чи дзура, уыцы дыууӕ хъастгӕнӕгӕй Хуыцау азымджыныл кӕй банымайа, уый хъуамӕ дывӕрӕй бафида иннӕмӕн.

10 Иу лӕг иннӕмӕ хӕрӕг, гал, фыс кӕнӕ ӕндӕр исты фос куы ратта, цӕст ӕм фӕдарыны охыл, ӕмӕ фос куы фӕхӕдмӕл, куы фӕсахъат уа, йе та тӕлӕтгонд куы ’рцӕуа ӕмӕ уымӕн ӕвдисӕн куынӕ разына,

11 уӕд, фосмӕ йӕ цӕст чи дардта, уый Дунедарӕджы раз ард бахӕрӕд, цӕмӕй сбӕлвырд уа, кӕйдӕр фосмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый. Фосы хицау ын йӕ ардбахӕрд сфидар кӕнӕд, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕудзӕн.

12 Фос давд куы ’рцӕуа, уӕд та, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый фосы хицауӕн бафидӕд.

13 Фосы сырд куы ныттона, уӕд ын, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый йӕ мард йӕ хицауӕн равдисӕд: тынд фос ын фиддон ма уӕд.

14 Иу лӕг иннӕмӕн йӕ фос куы ракура рӕстӕгмӕ, ӕмӕ, фосы хицау йӕ разы нӕ уыд, афтӕмӕй йын куы фӕсахъат уа кӕнӕ куы фӕхӕдмӕл уа, уӕд ын йӕ ныхмӕ йӕ хицауӕн бафидӕд.

15 Фосы хицау йӕ разы уыди, зӕгъгӕ, уӕд та фидын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ фосы кӕд ӕхцайыл райста, уӕд уыцы ӕхца фыст ӕрцӕуӕд фосы хицауӕн.


Чызджы фӕсайыны тыххӕй фиддон

16 Исчи ӕнӕкуырд чызджы куы фӕрӕдийын кӕна, йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд бафидӕд ирӕд ӕмӕ йӕ ракурӕд.

17 Фӕлӕ йын фыд йӕ чызджы раттыныл куы не сразы уа, уӕд дӕр чызджы фыдӕн бафидӕд ирӕды бӕрц.


Амарын кӕй тыххӕй ӕмбӕлы, уыцы фыдракӕндтӕ

18 Кӕлӕнгӕнӕг сылгоймаджы удӕгасӕй ма ныууадз.

19 Фосимӕ чидӕриддӕр ӕриу уа — мард ӕрцӕуӕд.

20 Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, Дунедарӕгӕй уӕлдай, нывӕндтӕ чи хӕсса, уый ӕлгъыстаг фӕуӕд ӕмӕ мард ӕрцӕуӕд.


Мӕгуырты тыххӕй уагӕвӕрдтӕ

21 Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар, ма ’фхӕр, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.

22 Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.

23 Куы сӕ ’фхӕрат, уӕд Мӕм ӕххуысагур сдзыназдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн,

24 Мӕ маст рафыцдзӕн, ӕмӕ уӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, ӕмӕ уӕ устытӕ идӕдзӕй баззайдзысты, уӕ сабитӕ — сидзӕрӕй.

25 Мӕ адӕмы мӕгуыртӕй искӕмӕн ӕвзист ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй фылдӕрӕй, пайдайыл дӕттӕгау, ма бацагур.

26 Дӕ хионы пӕлӕз цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй хурныгуылдмӕ фӕстӕмӕ ратт,

27 уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.


Ӕндӕр фӕдзӕхстытӕ

28 Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.

29 Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.

30 Афтӕ — уе стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фосы зӕйц дӕр: авд боны-иу фӕуӕнт сӕ мадӕлты раз фыццаг нӕл род ӕмӕ фыццаг нӕл уӕрыкк, ӕстӕм бон сӕ Мӕнӕн ратт.

31 Сымах Мын хъуамӕ сыгъдӕг адӕм уат, ӕмӕ, сырд кӕй аргӕвда, ахӕм фосы фыд макуы бахӕрут, куыйтӕн-иу ӕй аппарут.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan