Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дӕс фӕдзӕхсты

1 Мӕнӕ, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ:

2 «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.

3 Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.

4 Дӕхицӕн ма араз кӕрдгӕнывтӕ: нӕдӕр уӕле, арвыл цы ис, нӕдӕр дӕле — зӕххыл, нӕдӕр доны мидӕг — зӕххы бын цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ.

5 Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,

6 Мӕн чи уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та мин фӕлтӕры онг — арфӕгӕнӕг.

7 Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.

8 Рох дӕ ма уӕд, сабат уаз кӕй у, уый.

9 Ӕхсӕз боны дӕргъы кус, кӕн дӕ алы хъуыддӕгтӕ,

10 ӕвдӕм бон та — сабат — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, у, ӕмӕ уыцы бон мадӕр дӕхӕдӕг исты кус, мадӕр дӕ фырт исты кусӕд, мадӕр — дӕ чызг, мадӕр — дӕ цагъар, мадӕр — де ’ххуырст, мадӕр — дӕ фос, мадӕр — дӕ сахары цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг.

11 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг сабаты бонӕн раарфӕ кодта, скодта йӕ уаз.

12 Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.

13 Ма амар.

14 Ма хӕт.

15 Ма дав.

16 Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.

17 Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».

18 Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.

19 Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».

20 Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Хуыцау ӕрцыди уӕ бафӕлварынмӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы тас уа ӕмӕ тӕригъӕды ма цӕуат».

21 Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф ран, Моисей та баввахс ис, Хуыцау кӕм уыди, уыцы саудалынгмӕ.


Фӕдзӕхст нывондхӕссӕн саразыны тыххӕй

22 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн Мӕнӕй афтӕ зӕгъ. Сымах федтат, уӕларвӕй уӕм куыд дзырдтон, уый.

23 Ма аразут уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин хуыцӕуттӕ ӕмӕ сӕ Мӕ разы ма ӕвӕрут.

24 Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.

25 Нывондхӕссӕн Мын дурӕй куы аразай, уӕд дуртӕ ма лӕгъз кӕн: дӕ сарт дуртыл куыддӕр бандзӕвын кӕнай, афтӕ сӕ фӕчъизи кӕндзынӕ.

26 Нывондхӕссӕнмӕ къӕпхӕнтыл ма хиз, цӕмӕй йӕм дӕ худинаг ма разына.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan