Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моисейы райгуырд

1 Левийы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕг ӕрхуыдта ус, уый дӕр — Левийы хӕдзарвӕндагӕй.

2 Ус банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Лӕппу рӕсугъд у, уый федта ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхстӕй фӕдардта.

3 Дарддӕр ын ӕмбӕхсӕн куынӕуал уыд, уӕд хъӕзӕй быд чыргъӕд писийӕ байсӕрста, сабийы дзы нывӕрдта ӕмӕ йӕ Нилы былгӕрон хъамылы ныууагъта.

4 Сабийы хо дӕрддзӕфгомау лӕууыд ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ йӕ хъус дардта.

5 Уалынмӕ фараоны чызг йӕ унӕуттимӕ Нилмӕ йӕхи найынмӕ рацыди. Чыргъӕдыл йӕ цӕст ӕрхӕцыдис хъамылы, ӕмӕ йӕ ӕрбахӕссын кодта.

6 Байгом ӕй кодта, ӕмӕ дзы — саби. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. «Ай дзуттаг сывӕллон у», — загъта фараоны чызг.

7 Сабийы хо йӕ бафарста: «Дзуттаг дыджызӕмӕ фӕдзурон, цӕмӕй дын ӕй схӕсса?»

8 «Фӕдзур», — загъта фараоны чызг. Чызг ацыд ӕмӕ сабийы мады ӕрбакодта.

9 Фараоны чызг ын загъта: «Ацы сабийы мын схӕсс, ӕмӕ дын бафиддзынӕн». Сылгоймаг райста сабийы ӕмӕ йӕ хӕссын райдыдта.

10 Куы байрӕзт, уӕд ӕй бакодта фараоны чызгмӕ, ӕмӕ дзы уый йӕхицӕн лӕппу загъта, ном та йыл сӕвӕрдта Моисей. «Донӕй йӕ кӕй систон, уымӕ гӕсгӕ», — загъта чызг.


Моисей алыгъди Мидианмӕ

11 Рӕстӕг цыд, ӕмӕ Моисей ралӕг ис. Иуахӕмы бацыд йе ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, ӕмӕ сын федта сӕ удхайраг куыст. Федта, мысыраг ын йе ’фсымӕртӕй иуы, дзуттаджы, фыр надӕй куыд мары, уый.

12 Аракӕс-бакӕс кодта Моисей ӕмӕ, йӕ алыварс куы ничи уыд, уӕд амардта мысыраджы ӕмӕ йын йӕ мард змисы баныгӕдта.

13 Дыккаг бон дӕр та сӕм бацыд, ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ дзуттаджы хыл кӕнынц. Моисей ӕфхӕрӕджы фӕрсы: «Де ’мбалы цӕмӕн нӕмыс?»

14 Уый йын афтӕ: «Чи дӕ баурӕдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? Мӕн дӕр, мысыраджы куыд амардтай, афтӕ марынмӕ хъавыс?» Моисей фӕтарст, йӕхинымӕр загъта: «Бӕлвырд, уыцы хъуыддаг нӕ басусӕг ис».

15 Фараон хабар куы базыдта, уӕд марынвӕнд скодта Моисейы. Фӕлӕ Моисей алыгъд ӕмӕ Мидианы зӕххыл ӕрбынат кодта. Цъайы цур куыд бадт,

16 афтӕ ӕрбацыдысты Мидианы сауджыны авд чызджы, цӕмӕй сӕ фыды дзугӕн тӕгӕнатӕм дон сисой.

17 Уӕдмӕ фыййӕуттӕ фӕзындысты ӕмӕ сӕ хъуамӕ атардтаиккой. Моисей чызджыты сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ сын сӕ фыстӕн дон бадардта.

18 Чызджытӕ сӕ фыд Реуелмӕ куы баздӕхтысты, уӕд сӕ уый бафарста: «Абон цӕй тагъд уыдыстут?»

19 Уыдон ын загътой: «Цавӕрдӕр мысыраг нӕ сӕрыл рахӕцыди фыййӕутты раз, суанг ма нын дон дӕр систа ӕмӕ бадардта нӕ фыстӕн».

20 «Ӕмӕ цы фӕци? — бафарста уый йӕ чызджыты. — Цӕуылнӕ йӕ ӕрбахуыдтат? Фӕдзурут ӕм, ӕмӕ немӕ къӕбӕр бахӕра».

21 Моисей сфӕнд кодта уыцы лӕгмӕ баззайын. Уый йын радта йӕ чызг Циппорайы.

22 Лӕппу сын райгуырд, ӕмӕ йыл Моисей сӕвӕрдта ном Гершом ӕмӕ загъта: «Ацы ном нысан кӕны, ӕз ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕрцӕуӕггаг кӕй дӕн, уый».


Израилӕгты дзыназын фехъуысти Хуыцаумӕ

23 Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.

24 Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.

25 Ӕркасти Хуыцау Израилы байзӕддӕгтӕм. Хуыцау сӕм Йе ’ргом раздӕхта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan