Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мысырӕй рацыдӕн йе ’ртыккаг мӕйноджы израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ.

2 Уырдӕм ӕрбацыдысты Рефидимӕй ӕмӕ дзы ӕрӕнцадысты — сӕ рӕсӕнуат Синайы хохрӕбын скодтой.

3 Моисей ссыди хохы сӕрмӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг загъта: «Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, израилӕгтӕн, афтӕ зӕгъ:

4 „Сымах федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цытӕ бакодтон, уый. Федтат, цӕргӕсы базыртыл хӕссӕгау уӕ кӕй рахастон ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ кӕй ӕрбакодтон.

5 Куы Мӕм хъусат ӕмӕ, Мемӕ цы фидыд сарӕзтат, уый куынӕ фехалат, уӕд ӕппӕт адӕмты ’хсӕн сымах уыдзыстут Мӕ зынаргъ исбон. Зӕхх иууылдӕр Мӕн у,

6 ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».

7 Моисей ӕрхызти хохӕй, адӕмы хистӕртӕм басидт ӕмӕ сын, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдта.

8 Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм, Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый!» Моисей Дунедарӕгмӕ фӕхӕццӕ кодта адӕмы дзуапп.

9 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы мидӕг, цӕмӕй адӕм фехъусой, демӕ куыд дзурын, уый ӕмӕ дыл амӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндой». Моисей Дунедарӕгӕн адӕмы дзуапп куы рафӕзмыдта,

10 уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,

11 цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.

12 Хохы алыварс ӕрхахх кӕн ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй хохмӕ ма ссӕуой ӕмӕ хохыл бандзӕвынӕй дӕр сӕхи бахизой. Хохыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый амарын хъӕуы.

13 Къухӕй-иу ӕм мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ дурты бын фӕкӕнут, науӕд та йӕ фатӕй фехсут. Фос уа ӕви адӕймаг — удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй, сыкъауадындзы уасынмӕ хохмӕ ссӕуыныл куы архайа, уӕд».

14 Моисей хохӕй адӕммӕ ӕрхызт ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта. Адӕм ныхсадтой сӕ дарӕстӕ дӕр,

15 ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи цӕттӕ кӕнут иннӕбонмӕ. Сылгоймагмӕ ӕмгӕрон ма ’рцӕут».


Хуыцау ӕргом рацыд Израилы адӕммӕ

16 Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.

17 Моисей сӕ рӕсӕнуатӕй Хуыцауы размӕ акодта, ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты.

18 Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.

19 Сыкъауадындзы уасын хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр кодта. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау арвы нӕрынӕй дзуапп лӕвӕрдта.

20 Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.

21 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Цу ӕмӕ ма иу хатт бафӕдзӕхс адӕмӕн, цӕмӕй ма ’рбахизой арӕнӕй ӕмӕ Дунедарӕджы ма феной, науӕд бирӕтӕ ссардзысты сӕ мӕлӕт.

22 Сауджынтӕ цӕуинаг куы уой Дунедарӕгмӕ, уӕд-иу уыдон та сӕхи ссыгъдӕг кӕнӕнт, науӕд сӕ Дунедарӕг бабын кӕндзӕни».

23 Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Адӕм не ссӕудзысты Синайы хохмӕ, уымӕн ӕмӕ мын Дӕхӕдӕг бафӕдзӕхстай, цӕмӕй йын йӕ алыварс скӕнон арӕнхахх ӕмӕ хох банымайон уазыл».

24 Дунедарӕг ын загъта: «Цу ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕх Ааронимӕ. Сауджынтӕ ӕмӕ Мӕм иннӕ адӕм та ссӕуынвӕнд ма скӕнӕнт — бабын сӕ кӕндзынӕн».

25 Моисей адӕммӕ ныццыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхст рафӕзмыдта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan