Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ифро бабӕрӕг кодта Моисейы

1 Мидианы сауджын Ифро, Моисейы каис, фехъуыста, Хуыцау Моисей ӕмӕ Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, стыр хӕрзты кӕй бацыд ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Мысыры зӕххӕй кӕй ракодта, уый.

2 Ӕмӕ Ифро йемӕ рахуыдта Моисейы ус Циппорайы (уымӕй размӕ йӕ Моисей йӕ цӕгатмӕ арвыста),

3 Моисейы дыууӕ фырты, сӕ иуы ном — Гершом, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл»,

4 иннӕйы ном та — Елиезер, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Мӕ фыдӕлты Хуыцау мӕм фӕзынди ӕххуысмӕ ӕмӕ мӕ бахызта фараоны кардӕй».

5 Ифро сӕ бакодта Моисеймӕ, Хуыцауы хохы рӕбынмӕ, Моисей йӕ рӕсӕнуат кӕм ӕркодта, уырдӕм

6 ӕмӕ йӕм фӕхабар кӕнын кодта: «Ӕрбацыди дӕм дӕ каис Ифро дӕ ус ӕмӕ дӕ фырттимӕ».

7 Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.

8 Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Дунедарӕг фараон ӕмӕ мысырӕгты Израилы адӕмы сӕрыл куыд бафхӕрдта, израилӕгтӕ фӕндагыл цы зынтӕ бавзӕрстой ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куыд аирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.

9 Ифройӕн ӕхсызгон уыди, Дунедарӕг израилӕгты мысырӕгты къухӕй куы ирвӕзын кодта, уӕд сын афтӕ бирӕ хӕрзтӕ кӕй ракодта, уый.

10 Загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Аирвӕзын уӕ кодта мысырӕгтӕ ӕмӕ фараоны къухӕй. Ацы адӕмы суӕгъд кодта мысырӕгты ӕфсондзӕй.

11 Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».

12 Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


Моисей йӕхицӕн ӕвзары ӕххуысгӕнджытӕ — тӕрхоны лӕгтӕ

13 Дыккаг бон Моисей ӕрбадти израилӕгты хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ, ӕмӕ райсомӕй суанг изӕрмӕ адӕм йӕ разы уыдысты.

14 Йӕ каис Ифро йын, уый фенгӕйӕ, афтӕ зӕгъы: «Цы ми кӕныс ацы адӕмӕн? Ды сӕ разы иунӕгӕй цӕмӕн бадыс, уыдон та дӕ алыварс цӕмӕн лӕууынц райсомӕй изӕрмӕ?»

15 Моисей дзуапп радта йӕ каисӕн: «Адӕм мӕм ӕрбацӕуынц, цӕмӕй сын фӕрсон Хуыцауы.

16 Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».

17 Йӕ каис ын загъта: «Раст нӕ кӕныс.

18 Афтӕмӕй дӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тухӕнӕй амардзынӕ. Ӕгӕр уӕззау у дӕ хӕс, ӕмӕ иунӕгӕй ницы бакӕндзынӕ.

19 Ӕрбайхъус-ма мӕ уынаффӕмӕ, ӕмӕ дын Хуыцау баххуыс кӕнӕд! Ды хъуамӕ лӕууай адӕмӕй Хуыцауы ’хсӕн ӕмӕ Хуыцауы тӕрхонмӕ хӕссай адӕмы хъуыддӕгтӕ.

20 Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ.

21 Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.

22 Уыдон ӕдзух уыдзысты адӕмимӕ ӕмӕ сын сӕ быцӕутӕ ӕвзардзысты, зындӕр хъуыддӕгтӕ дӕумӕ дӕтдзысты, хуымӕтӕгтӕ та сӕхӕдӕг лыг кӕндзысты. Афтӕмӕй дын дӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕндзысты, йе ’мбис ын уыдон хӕсдзысты.

23 Афтӕ куы бакӕнай, ӕмӕ уый Хуыцауӕн фӕндон куы уа — дӕхӕдӕг дӕр фидар лӕудзынӕ, адӕм дӕр разыйӕ сӕхимӕ здӕхдзысты».

24 Моисей байхъуыста йӕ каисы зондмӕ ӕмӕ, уый йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта.

25 Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.

26 Уыдон адӕмӕн систы тӕрхоны лӕгтӕ; уӕззау хъуыддӕгтӕ лӕвӕрдтой Моисеймӕ, рогдӕртӕ та ӕвзӕрстой сӕхӕдӕг.

27 Моисей йӕ каисӕн фӕндараст загъта, ӕмӕ уый йӕ бӕстӕм аздӕхт.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan