Рацыд 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАрфӕйы зарӕг Дунедарӕгӕн 1 Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты. 2 Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн! 3 Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном! 4 Уый фӕдӕлдон кодта фараоны тохуӕрдӕттӕ, йе ’фсад, Сырх денджызы амӕттаг ын бакодта йӕ разагъды хӕстонты — 5 хуыдымы хай баисты, доны аныгъуылдысты дуртау. 6 Дунедарӕг, Дӕ рахиз къухӕн йӕ хъомысы кой айхъуыст. Дӕ рахиз къухӕй, Дунедарӕг, Ды знӕгты ӕрцавтай, 7 Дӕ ныхмӕ растджыты Де стыр хъаруйӕ афӕлдӕхтай зӕххыл; артау ссыгъди Дӕ маст, хъӕмпы халау сӕ аныхъуырдта. 8 Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым. 9 „Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“ 10 Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау. 11 Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг! 12 Баивӕзтай Дӕ къух — зӕхх аныхъуырдта знаджы. 13 Уарзгӕйӕ хоныс Ды, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй Дӕ уаз цӕрӕнмӕ. 14 Уыдӕттӕ фехъуыстой алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц! Филистимы цӕрджыты стыр тас бацыд, 15 удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ, асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс, ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты. 16 Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм! 17 Дунедарӕг, Ды ӕрцӕрын кӕндзынӕ уыдоны Дӕ хохыл! Дӕхицӕн цӕрӕн кӕм сарӕзтай, Бардарӕг, Дӕ къухӕй Уаз Цӕрӕн кӕм скодтай, уым! 18 Дунедарӕг уыдзӕни Паддзах — мыггагӕй-мыггагмӕ!» Сылгоймӕгтӕ кафынц Дунедарӕджы кадӕн 19 Фараоны тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынтӕ денджызмӕ куы бахызтысты, уӕд сӕ Дунедарӕг фӕдӕлдон кодта, израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. 20 Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр. 21 Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!» Маст дон хӕрзад куыд фестад 22 Сырх денджызӕй Моисей израилӕгты акодта Шуры ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Уым фӕцыдысты ӕртӕ боны ӕмӕ дон никуы ардтой. 23 Марамӕ куы бафтыдысты, уӕд уым уыди дон, фӕлӕ нуазынӕн нӕ бӕззыд, уымӕн ӕмӕ маст уыд. (Уымӕ гӕсгӕ схуындӕуыд ацы бынат Мара.) 24 Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цы бануазӕм?» 25 Моисей скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта бӕласмӕ. Моисей дзы иу лыггаг доны ныппӕрста, ӕмӕ дон хӕрзад фестад. Уыцы ран Дунедарӕг израилӕгтӕн сфидар кодта фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ фӕлвӕрдта. 26 Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг». 27 Израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Елиммӕ ӕмӕ сӕ рӕсӕнуат уым скодтой. Уыди дзы дыууадӕс суадоны ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз финик бӕласы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia