Рацыд 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМысырӕгтӕ фӕсте расырдтой израилӕгты 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхой ӕмӕ рӕсӕнуат скӕной Пи-Хахироты цур, Мигдол ӕмӕ денджызы ’хсӕн. Баал-Цефонмӕ ӕввахс-иу денджызы был ӕрӕнцайут. 3 Уадз ӕмӕ фараон зӕгъа, израилӕгтӕ фӕдзӕгъӕл сты, ӕдзӕрӕг быдыр сыл дуӕрттӕ ӕрӕхгӕдта. 4 Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой. 5 Мысыры паддзахмӕ хабаргӕнӕг фӕцис, израилӕгтӕ алыгъдысты, зӕгъгӕ. Фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ ӕрфӕсмон кодтой, кӕй сӕ ауагътой, уый тыххӕй. Загътой: «Уый цы бакуыстам? Ауагътам израилӕгты, нӕ кусджыты!» 6 Фараон сифтындзын кодта йӕ тохуӕрдон ӕмӕ фӕсидти йе ’фсадмӕ. 7 Йемӕ ракодта ӕхсӕзсӕдӕ хорз тохуӕрдоны, уӕрдӕттыл — фӕлтӕрдджын хӕстонтӕ — Мысыры ӕппӕт уӕрдонӕфсад. 8 Дунедарӕг бакодта афтӕ, ӕмӕ Мысыры паддзах хивастӕй израилӕгты фӕсте расырдта, уыдон та ӕдӕрсгӕ цыдысты сӕ фӕндагыл. 9 Мысырӕгтӕ — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ, йе ’ппӕт ӕфсад — абырстой сӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ денджызы былгӕрон, Баал-Цефонмӕ ӕввахс, Пи-Хахироты цур баййӕфтой. 10 Фараоны куы суыдтой израилӕгтӕ, уӕд бамбӕрстой, мысырӕгтӕ сӕ ӕрбасурынц, уый. Тынг старстысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой. 11 Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? 12 Уым дӕр дын куы дзырдтам, ныууадз нӕ, цагъартӕ уыдзыстӕм Мысырӕн, цӕйнӕфӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры амӕлӕм!» 13 «Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут. 14 Ӕрсабыр ут! Уӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы семӕ!» 15 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕуыл Мӕм дзыназыс? Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ сӕ размӕ цӕуой! 16 Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты. 17 Мысырӕгтӕ Мӕ фӕндӕй уӕддӕр сӕ хиваст зонд нӕ ныууадздзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл агуылф кӕндзысты. Уыйадыл фараоны Мӕ азар баййафдзӕн — ӕд ӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ, ӕд бӕхджынтӕ. 18 Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!» 19 Израилы адӕмӕн сӕ разӕй цӕуӕг Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕстӕ ӕрлӕууыд, сӕ разӕй цы мигъы цӕджындз уыд, уый сӕ фӕстӕ фӕци. 20 Дунедарӕджы зӕд мысырӕгтӕй израилӕгты ’хсӕн ӕрлӕууыди. Сау мигъау зынд иуӕрдыгӕй, иннӕрдыгӕй та ӕхсӕв рухс кодта. Мысырӕгтӕ уыцы ӕхсӕв нӕ баййӕфтой израилӕгты. Дунедарӕг израилӕгты фервӕзын кодта 21 Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди. 22 Израилӕгтӕ сурыл сӕ фӕндаг дардтой. Дон сисау цӕхгӕр лӕууыди сӕ рахизфарс дӕр ӕмӕ сӕ галиуфарс дӕр. 23 Мысырӕгтӕ дӕр — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ бӕхджынтӕ — денджызы астӕуты сурыл атындзыдтой израилӕгты фӕстӕ. 24 Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты. 25 Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ». 26 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй денджызмӕ ацамон, ӕмӕ дон фӕстӕмӕ йӕ бынат ссара, йӕ быны фӕкӕна мысырӕгты — уӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ бӕхджынты дӕр». 27 Моисей денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ боныцъӕхтӕм дон йӕ бынат ссардта. Мысырӕгтӕ лидзгӕ-лидзын уылӕнты амӕттаг баисты — Дунедарӕг сӕ фӕдӕлдон кодта. 28 Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти. 29 Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис. 30 Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой, 31 уӕд бамбӕрстой, Дунедарӕг уыдоны Йе стыр хъомысы амӕттаг кӕй бакодта, ӕмӕ сӕ стыр тас бацыди Дунедарӕджы раз. Баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia