Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фыццаг цӕуӕт Дунедарӕджы сты

1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста:

2 «Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».


Донгонд дзулты бӕрӕгбон

3 Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.

4 Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.

5 Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон:

6 авд боны дӕргъы хӕрут ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ ӕмӕ-иу ӕвдӕм бон сбӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы бӕрӕгбон.

7 Фехъуыстат, донгонд дзултӕ хӕрут авд боны дӕргъы: уыцы бонты уӕ зӕххыл макӕмӕ разынӕд нӕдӕр ӕнхъизӕнджын дзултӕ, нӕдӕр — ӕнхъизӕн.

8 Уыцы бон-иу уӕ фырттӕн зӕгъут: „Дунедарӕг нӕ Мысырӕй куы ракодта, уӕд нын цы хӕрзты бацыд, уый кадӕн ӕххӕст кӕнӕм ацы уагӕвӕрд“.

9 Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.

10 Алы аз дӕр нысангонд бонты ӕххӕст кӕнут ацы уагӕвӕрд».


Фӕдзӕхстытӕ фыццаг цӕуӕты тыххӕй

11 Моисей ма ноджыдӕр загъта: «Дунедарӕг уӕ Ханааны зӕхмӕ куы бакӕна — уымӕн ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр уыцы зӕхх раттынӕй зӕрдӕ бавӕрдта, —

12 уӕд уӕ фыццаг зӕнӕг кӕддӕриддӕр у Дунедарӕджы. Уӕ фосы фыццаг зӕйц, сӕ нӕлтӕ, Дунедарӕджы сты.

13 Хӕрӕджы къӕлӕу-иу баивут уӕрыккӕй. Йӕ баивын уӕ куынӕ бафӕнда, уӕд та йын йӕ бӕрзӕй асӕттут. Уӕ хистӕр фыртты сӕрмӕ дӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссут.

14 Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.

15 Фараон йӕ зӕрдӕ куы ныддур кодта ӕмӕ нӕ куынӕ уагъта рацӕуын, уӕд Дунедарӕг ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: адӕмӕн — сӕ хистӕр фыртты, фосӕн — сӕ сӕртӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссӕм нӕ фосы зӕйцӕй алы фыццаг нӕлы дӕр, нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй.

16 Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».


Хуыцау Йӕ адӕмы ракодта Мысырӕй

17 Фараон израилӕгты куы рауагъта, уӕд сӕ Хуыцау филистимӕгты зӕххы уылты нӕ акодта, кӕд уыцы фӕндаг цыбырдӕр уыди, уӕддӕр. Загъта: «Хӕцын сӕ бахъӕудзӕн, уый куы феной, уӕд фӕфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты Мысырмӕ».

18 Ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕрдтыл ӕрзилын кодта, ӕдзӕрӕг быдырыл сӕ акодта Сырх денджызы ’рдӕм. Израилӕгтӕ рӕнхъыстадӕй рацыдыстты Мысыры зӕххӕй.

19 Моисей йемӕ рахаста Йосефы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Йосеф йӕ рӕстӕджы Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ Мысыры ма ныууадзут».

20 Израилӕгтӕ рацыдысты Суккотӕй ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон, Етамы.

21 Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной.

22 Адӕмӕн боныгон мигъы цӕджындз уыди семӕ, ӕхсӕвыгон — арты цӕджындз.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan