Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фӕстаг ӕртхъирӕн

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ног бӕллӕх бафтаудзынӕн фараон ӕмӕ мысырӕгтыл, ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ фараон ауадздзӕн ардыгӕй. Уыимӕ уӕ хуымӕтӕджы уагъд нӕ ракӕндзӕн, фӕлӕ уӕ асурдзӕн ӕвӕстиатӕй.

2 Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».

3 Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.

4 Моисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕмбисӕхсӕв Ӕз ацӕудзынӕн Мысыры астӕуты,

5 ӕмӕ Мысыры бӕстӕйы алы фыццаг зӕнӕг ӕрбамӕлдзӕн — паддзахы бадӕны бадӕг фараоны хистӕр фырт дӕр, ӕрмгуыройӕ хор чи ссы, уыцы цагъар сылгоймаджы хистӕр фырт дӕр ӕмӕ ӕппӕт фосы фыццаг зӕйц дӕр.

6 Мысыры бӕстӕ ныццараудзысты, уый размӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыдзӕн, ахӕм судзаггаг хъарджытӕ.

7 Израилӕгтыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн — нӕдӕр сӕхиуыл, нӕдӕр сӕ фосыл. Уый, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг израилӕгтӕм, мысырӕгтӕй хъауджыдӕр, хъулон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый“.

8 Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.

9 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараон уӕм нӕ хъусы: цӕмӕй Мысыры зӕххыл ноджы фӕфылдӕр уой Мӕ диссӕгтӕ, уый тыххӕй афтӕ хъӕуы».

10 Бирӕ диссӕгтӕ фенын кодтой фараонӕн Моисей ӕмӕ Аарон, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй уый уӕддӕр нӕ састи ӕмӕ нӕ уагъта израилӕгты Мысырӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan